3. ДЗÆРÆХ ÆМÆ ДЗÆЦЦИ ЦÆУЫНЦ АКАМÆ

3. ДЗÆРÆХ ÆМÆ ДЗÆЦЦИ ЦÆУЫНЦ АКАМÆ
Рафыссын
— Цы хуыцау дæ сæрра кодта, цы йæм ныккомкоммæ дæ? — сабырæй уайдзæф кæны Дзæрæх Дзæццийæн.
— Æмæ йын цы уадиссаг загътон? Дæ фыды лæппутæ сты, уый æз ’рымысыдтæн? Науæд æй йæхæдæг никуы фехъуыста? — нæ сæтты Дзæцци.
— Уый сын фидисæн фæкæнынц, уый нæ зоныс? Науæд гæдыныхас кæй у, мæнг дам-дум, уый дæр никуы никæмæй фехъуыстай?
— Æмæ кæд мæнг у, уæд та ноджы хуыздæр. Цæуыл тæвд кæны?
— Дæумæ куы бадзуриккой ахæм ныхас, уæд ды цы ми кæнис?
Дзæцци ницыуал дзуры. Æцæг, йæхицæн ын исчи афтæ куы бафидис кæнид, уæд марыныл нæ бацауæрдид никæуыл. "Нæ хъуыдис, бæргæ, уыцы ныхас, стæй кæд æцæг нæу, адæм хахуыр кæнынц, уæд — ноджы дывыдондæр маст. Цы ме ’взагыл æрбабадт, нæ зонын. Æниу уый æнхъæл куы уыдаин, уæд мæхицæн цæттæ загъд агуырдтон? Фæлæ афтæ, æдылы æвзаг..."
— О, æмæ мæ аххос фод иууылдæр, фæлæ...
— Цы "фæлæ"?.. Ома дзы ды дæр ницы фæфос кодтай? Уый дын хъуыдис. Мæн тыххæй цыфæнды кæнæд Хъырым,фæлæ дæм баст хæрæг дæр нæ фæлæууыдаид...
— Æз ууыл нæ дзурын. Диссаг уый у, уал æмæ уал азы уыцы хабар куыд нæ рох кæны, кæд мæнг у, уæд та ноджы тагъддæр? Цымæ дзы æцæгæй исты уыдаид?..
— Цы, уый зоныс?..
— Æз дæ фыды тыххæй нæ зæгъын, мæрдты рухсы бадæд, фæлæ мæм æнæуи дисау кæсы. Цымæ, куыд уыдис, цæй тыххæй афтæ адам кодтаиккой æнæхъæн комбæстæ.
— Æмæ йын чи цы зоны. Æз дæр æй фидисæн хъусын адæмæй... Фæрсгæ, æмæ куыд, мæ цæсгом никæмæ хъæцы. Бегайы фæрсын дæр мæ бон никуы баци, искæй та куыд хъуамæ бафæрсон? Æниу Бега дæр сывæллон уыдис, нæ фыд куы фæмард, уæд. Цы йын зондзæн, — йæхиимæ дзурæгау кæны Дзæрæх, æмæ Дзæцци дæр ныссагъæс кодта.
Дзуары къуыппæй куы бахызтысты, хъæды куы фæуырдыг кодтой Дондарæн адагмæ, уæд Дзæцци фергом кодта йæ хъуыды:
— Акайы бафæрсиккам?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0