4. КАЛМАНЫ РАДЗЫРД

4. КАЛМАНЫ РАДЗЫРД
Рафыссын
Хъырым мæстыйæ цыд Хъоламæ. "Куыдзы фырт! — хъуыды кодта йæхинымæр. — Уыцы бынылзадæй дæр мæ уый бахъуыд. Фидиссаг чи у, уый дæр мæм фидистæ уæнды. Багъæцæд, æз сын фенын кæндзынæн. Мæ мадæн мын, цы нæ хъæуы, уыдæттæ фæкæнæнт, æз сыл истæмæй куы бацауæрдон... Фæлæуут уе ’ппæт дæр!.." — æртхъирæнтæ кодта Хъырым, æмæ йæхæдæг дæр нæ хатыд, масты цæссыгтæ куыд бырыдысты йæ цæсты бынтæм æмæ куыд хаудысты фæндаджы рыгмæ уадулты цыргъытæй.
Фæсивæдæй ничи ацыд йемæ. Æввахс æмгар ын ничи уыд æмæ иууылдæр æнхъæлмæ кастысты Солтан æмæ Дзангмæ. Солтан сæргуыбырæй лæууыд æмæ цæуылдæр æрмттæдæлармæй хъуыды кодта. Дзанг йæ галиу къухы уылдта хæцæн къæбæл, стæй йæ æвиппайды бахаста мæсыджы рæбынмæ æмæ фидарæй загъта:
— Гъæй, сагсур æмæ хъугдæй лæппутæ! Цомут далæ цъаламæ, суары цур фæхъазæм. Хъæндæлтæ дæр ма уын бахæрын кæндзынæн. Нозтæн уын уазал суар, буц хæринагæн — хъæндæл!.. Хъаст чи ракæна, уый та-иу нæ йæ хæдзармæ ахонæд. Æрмæст æй развæлгъау зæгъын: искæй хæдзары æнахуыйæн къæбæр мæ хъуыры нæ хизы.
Дзанг йæхи рауагъта уырдыгмæ, Хъоламæ фæндагыл. Æнæдзургæйæ ныххæцыд Солтаны цонгыл æмæ уый дæр йæ фæдыл аласта.
Лæппутæ рацыдысты æмæ æнæсыбырттæй Калманты къæсæрыл балæууыдысты. Калман халамæрзæн арæзта æмæ сын бадгæйæ салам радта. Иу фæкастæй сыл йæ цæст ахаста, стæй та халамæрзæны дæндаг уыгард кæныныл багуыбыр, йæ уæрагмæ йæ нылхъывта карды комæй æмæ йæ иннæ къухæй арæхстгай зылдта.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0