Хуссар Иры цæрæджы амарыны азымджыны сэкстрадици кодтой Уæрæсейæ

© Sputnik / Вадим Жернов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры цæрæджы амарыны азымджыны сэкстрадици кодтой Уæрæсейæ
Хуссар Иры цæрæджы амарыны азымджыны сэкстрадици кодтой Уæрæсейæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстонмæ сэкстрадици кодтой республикæйы цæрæг Дриаты Русланы, кæцыйы азымджын кæнынц амарыны, уый æмбæхст Уæрæсейы территорийыл, хъусын кæны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.
Дриаты Русланы хъуыддаджы фæдыл фæдагуырд уадзы Ленингоры районы прокуратурæ.
"2003 азы 13 сентябры, 21.00 сахатыл Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы Дриаты Руслан уыд йæ хæдзары Елойты Р.Р, Уалыты Т.З æмæ Елойты Д.Н.-имæ. Азымджын æбæрæг маркæйы пистолетæй фехста Елойты Д.Н.-йы сæр, цæфты фæстиуæгæн зианбаййафæг фæстæдæр амард", - дзырдæуы уагоны хъусинаджы.
Фыдракæнд сæххæст кæныны фæстæ Дриаты Руслан ацыд республикæйы территорийæ æмæ æрцахсыны моменты онг æмбæхст Уæрæсейы территорийыл.
Уæрæсейы территорийыл 50-аздзыд азымджыны æрцахст сорганизаци æмæ сæххæст кодта уæрæсейаг МХМ уголовон фæдагуырды дæлхайад куырдиатмæ гæсгæ, кæцы арвыста УФ æмæ РХИ мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-координацион центр.
Дриаты Русланы бакодтой Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады рæстæгмæдарæн изолятормæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0