УФ Паддзахадон Думæ райста бадзырд æфсæддон уацайрæгты мæлæтæй æфхæрыны фæдыл

© Sputnik / Sergey KuznecovУФ ПД райста бадзырд æфсæддон уацайрæгты мæлæтæй æфхæрыны фæдыл
УФ ПД райста  бадзырд æфсæддон уацайрæгты мæлæтæй æфхæрыны фæдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 22 ноя — Sputnik. Паддзахадон Думæ æрсидт дунейы парламенттæм, цæмæй стæрхон кæной Киевы режимы фыдракæндтæн æмæ баххуысс кæной уæрæсейаг æфсæддон уацайрæгты чи фехста, уыцы украинæйаг æфсæддон фыдгæнджыты бафхæрын. Уый тыххæй дзырдæуы ПД сайты мыхуыргонд фидиуæны.
"Æвæлмаст марджытæ, фехстой æнæгæрзтæ, хуысгæ чи кодта ахæм æфсæддон уацайрæгты. Уыдон афтæ фидарæй уырны, кæй сæ нæ бафхæрдзысты æмæ сæ фыдракæндтæн видеофиксаци скодтой", - банысан кодтой фидиуæны.
ПД бахахх кодтой Украинæ гуырымыхъхъæй халы æхсæнадæмон гуманитарон бар, уыимæ иумæ 1949 азы Женеваг конвенцимæ гæсгæ æфсæддон уацайрагтæм ахаст, æхсæнадæмон барадхъахъхъæнæг нормæтæ, уыдоны ᾿хсæн хъизæмар кæнын æмæ 1984 азы Конвенцимæ гæсгæ адæймаджы ныхмæ, кæнæ йын йæ джелбетт æгад кæнын æмæ æндæр фыдæвзарæн æфхæрыны фæрæзтæ.
Депутаттæ æрсидтысты Ныгуылæйнаг падзахадтæм, цæмæй мауал æххуысс кæной неонацистон идеологи æмæ Украинæйæн, кæцы абон реализаци кæны уыцы принциптæ. Документ арвитдзысты президентмæ, Совфедмæ, ПАСЕ, ПА ОБСЕ, ХПЦ, ИНО-мæ хауæг паддзахадты парламенттæм.
Ивгъуыд майрæмбоны, 18 ноябры Интернеты апарахат ис видео, украинаг æфсæддонтæ зæххыл хуысгæ уæрæсейаг æфсæддонты кæм æхсынц. Кыд банысан кодтой Хъахъхъæнынады министрады, УÆТ æфсæддонтæ Макеевкæйы барæй амардтой дæсæй фылдæр адæймаджы.
АБС арвитдзæн видео адæймаджы бартыл хæцæг ИНО уæлдæр комиссары фæткдаруатмæ, Европæйы Совет, Amnesty International, ОБСЕ, Сырх Дзуары Æхсæнадон Комитет æмæ æндæр организацитæм. Фæдагуырдон Комитет сцырын кодтой уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0