5. ХЪÆНДИЛ ÆМÆ СОЛТАНЫ НЫХАС

5. ХЪÆНДИЛ ÆМÆ СОЛТАНЫ НЫХАС
Рафыссын
Солтан рацыдис комкоммæ Хъæндилтæм. Хъæндил Дзуары къуыппыл бадт, зæронд бæрзы зæнгыл банцой кодта йæ чъылдымæй æмæ йæ иунæг лæппу Цæргæсæн уадындзæй цагъта, æрмæст йæхæдæг кæй зыдта, ахæм мелодитæ. Цæргæс йæ цуры бадт, сæнчытæ стыгъта, хордта æмæ иуæй-иу хатт лæгъстæгæнæг хъæлæсæй куырдта:
— Мæнæн дæр-ма сараз, о, æз дæр сахуыр уон. Дæ уадындзмæ æвналын куынæ уадзыс. Сараз-ма мын, о.
Ныууасыд та Хъæндил уагъылы уадындзы, фæлæ йæ зарæг æххæст нæ фæци, афтæ Солтан йæ цурмæ бацыд:
— Дамдумгæнаг усы цымыдисмæ мын ма бамбар мæ фарст, фæлæ мæм диссаг кæсы, цæмæн, цæй тыххæй, цы пайда йын ис искæй хæрамæй? Чысыл раздæр Хъырымимæ уыдонмæ уыдыстæм æмæ мæнмæ дæр афтæ фæкаст: ардауæг уый у. Фæлæ цæмæн, цы йæ уæлфад гал лæууы?
— Лæууы, лæууы, Солтан. Ды нæ зоныс Калманы. Уый ахæм куыдзы мыггаг у, æмæ йæ чысыл чи фæхъыгдара, уый мæлæты бонмæ йæ зæрдыл дардзæн æмæ дзы сусæг-æргом йæ маст исдзæн. Хъуынджын зæрдæ ис Калманы хуыскъ риуы, фыд-зæрдæ. Мæ фыды байсæфт кæд искæй аххос у, уæд, фыццаджыдæр, уый аххос, æндæр никæй. Мæгуыр Хъарадзау дæр ма уый мастæй мæрдтæм рæсыд зæрдæйæ бацыд. Кæд æнцад не ’рбада, уæд æй æз зарæджы сæйраг фæкæндзынæн. Нырмæ дæр мын Хъарадзау æмæ Тъехоны æфсæрмæй баззад.
— Диссæгтæ, æцæг диссæгтæ, — йæ къæхты бынæй ныуулæфыд Солтан.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0