6. ХЪÆНДИЛ ХАТЫР КУРЫ АКАЙÆ

6. ХЪÆНДИЛ ХАТЫР КУРЫ АКАЙÆ
Рафыссын
— Уе ’зæр хорз, Къæбыстæ, кæнын уын хъæбыстæ! Мыййаг уый тыххæй нæ, æмæ хорз адæм стут, фæлæ комы дымæгмæ цæрут, фыдбылызæн дæр йæ фыццаг — сымах æмæ хæрзæбонæн дæр! — хъазтæмхасæнты райдыдта Хъæндил, йæ иу къух хæрдмæ сдардта, иннæмæй йæ зæрдæйыл ныххæцыди.
— Æ-æ, Хъæндил, ферттывтай та? — бахудти Ака, йæ къух йæ цухъхъайы фæдджийæ асæрфта æмæ дзы зæрдиагæй æрæлхъывта Хъæндилы къух.
— Нæма ’рттивын, Ака, нæма, фæлæ куыддæр æрталынг уа, афтæ та уын цырагъдар ныллæудзынæн.
— Фæрнæй судз дæ цырагъ, фæрнæй! — нырма дæр нæ ахуыссыд мидбылхудты рухс Акайы цæсгомыл.
— Ака, æмæ мæ "æнæхъуыддаг нæ уыдзынæ" цæуылнæ афæрсыс?
— Цæй хъуыддаг ис æз æмæ де ’хсæн, Хъæндил? Иу бинонты хуызæн куы стæм: комæн йæ дымæгмæ æз цæрын, йæ бæстастæу — ды. Уазæгæн "æгасцуай" æз фæзæгъын, фысым та йын ды фæвæййыс. Цæй хъуыддаг нæм ис?
— Уый раст у, фæлæ, дам, не ’дылы мæнæ дæ кæстæримæ бахъæлæба æмæ бахатыр кæнут, уæ хорзæхæй. Сымахон æмбаргæдæр у, æнхъæлдæн, æмæ йæ зæрдæмæ мацы хæссæд, махоны та мæ бар уадзут, æфхæрдæй дæр, æмбарæн ныхасæй дæр — фысым ын фæуыдзынæн.
— Ницы сын у. Лæппын уасæгæн цалынмæ йæ къоппайы ’рдæг хæстыты тынд не ’рцæуа, уæдмæ дзы уасæг нæ рацæуы, мæхицæй йæ зонын, — Дзæццийы бæсты дæр тæрхон рахаста Ака.
— Уый афтæ у, фæлæ ды та цы зæгъыс, мæ Дзæцци-æфсымæр? Алæ-ма, æз абийон дæ бæсты. Тæскъ бийын аив хъуыддаг у, æфсымæр, уисæн йе ’взаг зонын хъæуы. Æз та Хъæндил дæн, хъæды — мæ цæрæн, æхсæр уисты бын — мæ хæдзар. Се ’взаг сын хорз зонын, кæс-ма, — Хъæндил кæлæнтæ кæнын райдыдта уистæн æмæ, æцæгдæр, кæрæдзи фæдыл къæдзмæдзытæгæнгæ хуыссын райдыдтой. Æрмæст ма зынди, сæ къæдзилтæ сагъд уисты æхсæнты æддæгмидæг куыд тылдтой, цыма удæгас уыдысты.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0