7. БУРГЪУЫН

7. 2 СÆР. БУРГЪУЫН
Рафыссын
Коцты Бега иу тибаг лæгæн фæззæгхорыл саргъыбæх ауæй кодта. Фæззæджы йæ хортæ хаст не ’рцыдысты æмæ ныр хосгæрдæны размæ ацыд Тибмæ, иу уаргъ дзы уæддæр æрхæсса, науæд æй фæстæдæр куыстæй не ’вдæлдзæн æмæ бинонтæ тыхсдзысты ног хоры æрцыдмæ.
Изæрмæ ныххæццæ Тибмæ, фæлæ йæ фæндаг, куыд фæнд кодта, афтæ нæ рауад. Æрдæгæхсæв иу Згъилаг лæппу фæфæдис Тибмæ: паддзахы æфсад, дам, Мамысоны æфцæгыл æрхызтысты æмæ сæ сом ардæм хъæуы. Адæм сызнæт сты. Сæхи хæстмæ цæттæ кæнын райдыдтой. Арвыстой Зæрæмæг æмæ Нары хъæутæм: фæзынут æххуысмæ! Æхсæвы мæсгуыты сæртæ арты пиллонæй сырх адардтой æмæ талынджы, судзгæ æхсидæвтау, зындысты.
Бега тыхсти йæхимидæг: кæд, мыййаг, афонмæ сæ коммæ дæр æрбабырстой, адæм уынгæджы сты æмæ уый та ам уазæджы къæбæрыл йæхи ирхæфсы. Ахъавыд фæстæмæ раздæхын Нарыл, Зикъарайы æфцæгыл, хортæм фæстæдæр искуы иу хуыцаубон æруайдзæн, фæлæ йæ сæрмæ не ’рхаста хæсты бон йæ фысымтæй рацæуын: хæрзаг ма зæгъой, йæ удæн фæтарст æмæ æмæхсæвæджы лидзæг фæци. Ныллæууыд æмæ, хæстон адæмæй æфсады размæ фыццаг чи рацыд, уыдонимæ баиу.
Бон-изæрмæ фæхæцыдысты Хъылиаты цур тæссæртты, æфсады дæлдæр цæуын нæ ауагътой. Дыууæрдыгæй дæр бирæ уыд цæфтæ, мæрдтæ. Уæлдайдæр, æфсад æнахуыр ран, æнгом рæнхъæй, æргом милау, цыдысты топпы дзыхмæ. Фæстагмæ æфсад фæстæмæ лæууын райдыдтой æмæ талынгтæм Мамысоны ’фцæгæй ахызтысты Рацъы ’рдæм. Адæмы цин æмæ маст сиу сты. Чи йæ мардыл куыдта, чи йæ цæфтæн хос кодта. Бегамæ дзы никæйуал æвдæлд æмæ бафæнд кодта йæ бæхыл уаргъ сæвæрын, æмæхсæвæджы Згъилы æфцæгыл ахизын. Фæндаг йæ армы тъæпæнау зыдта. Цалынмæ æфцæджы митсæр фæхæрдгæнæнмæ хæццæ кæна, уæдмæ мæй скæсдзæн æмæ исчердæм кæд ахизид.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0