Беслæны поликлиникæйы ауадздзысты реконструкци

© Sputnik / Николай Хижняк /  Ахизын медиабанкмæБеслæны поликлиникæйы ауаддзысты реконструкци
Беслæны поликлиникæйы ауаддзысты реконструкци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Беслæны районы поликлиникæйы реконструкци райдайдзæн 2023 азы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны пресс-службæ.
Беслæны медицинон уагдон лæггад кæны 55 минæй фылдæр адæймагæн, уыдонимæ иумæ сывæллæттæн дæр. Уый нысан кæны, иу сменæйы кæй ауадзынц 600 райсты. Агъуыст та 80-æм азæй фæстæмæ капиталон æгъдауæй цалцæггонд нæ уыди.

Нысангонд æрцыд, медицинон уагдоны реконструкцийæн æхцайы фæрæзтæ кæй рахицæн кодтой федералон æмæ регионалон бюджеттæй. Æдæппæтæй ацы хъуыддаджы фæдыл нывæзты ис 757 милуан сомы

Республикæйы медицинон фæткдаруаты бахахх кодтой, цалцæггæнæн куыстытæ сæ кæронмæ куы бахæццæ уой, уый фæстæ поликлиникæ дзуапп дæтдзæн ног домæнтæм.
Ног хабӕртты лентӕ
0