ФÆС не ‘руагъта срæмыгъд газы хæтæлыл, кæцыйы уылты æртаг цæуы Турк æмæ Европæмæ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæФÆС
ФÆС  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя — Sputnik. Уæрæсейы Федералон æдасдзинады службæйы (ФÆС) кусджытæ аиуварс кодтой диверси газы хæтæл "Южный поток"-ы фадыгыл Волгограды областы, хъусын кæны РИА Новости ФÆС æхсæнадон бастдзинæдты центры информацийыл æнцойгæнгæйæ.
"Уæрæсейы Федерацийы Федералон æдасдзинады службæ не ‘руагъта украинæйаг сæрмагонд службæты сæххæст кæнын диверсион-террористон акт газы хæтæл "Южный поток"-ыл, кæцыйы уылты æртаг цæуы Турк æмæ Европæмæ", - банысан кодтой уагдоны.
Теракт сæххæст кæныны фæдыл æрурæдтой цыппар фыдгæнæджы, кæцытæ сты Уæрæсейы æмбæстæгтæ, бафтыдтой ФÆС. Басгæрсты рæстæджы уыдонмæ ссардæуыд цыппар магнитон минæйы, рæмудзæн æрмæджытæ, пластиды цыппар килограммы, 593 мин сомы æмæ бастдзинады фæрæзтæ, кæцыты руаджы уыдон ныхас кодтой сæ куратортимæ Укранæйы сæрмагонд службæтæй.
Цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Ног хабӕртты лентӕ
0