Хуссар Иры президент бавдыста УУМ кусджытæн ног разамонæджы

© Sputnik / Дзерасса ТеховаХуссар Иры президент бавдыста УУМ кусджытæн ног разамонæджы
Хуссар Иры президент бавдыста УУМ кусджытæн ног разамонæджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министр ссис рспубликæйы Хъахъхъæнынады министрады раздæры сæргълæууæг Гассеты Ибрагим. Цыппæрæмы паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан бавдыста ног разамонæджы уагдоны кусджытæн.
Президент бузныг загъта коллективæн сæ куысты тыххæй æмæ банысан кодта, уагдонæн ацы аз кæй уыд уæззау.
"Мах кæрæдзи тынг хорз зонæм. Бафыстæуыд барамынд, кæцымæ гæсгæ ног министр ссис Гассеты Ибрагим. Уырны мæ, кæй уын уыдзæн хорз ахастытæ", - загъта Гаглойты Алан.
Гассеты Ибрагим бузныг загъта æууæнчы тыххæй æмæ банысан кодта, кæй у зонгæ уагдон æмæ йæ проблемæтимæ.
"Æз зонын коллектив, структурæ æмæ цы хъæуы аразын, уый. Æввахс рæстæджы мах бафæлвардзыстæм аскъуыддзаг кæнын проблемæтæ", - загъта уый.
УУМ раздæры сæргълæууæг Цоциты Азæмæт бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн сæ куысты тыххæй æмæ сын йæ цæст бауарзта фидæны æнтыстытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0