Украинæйы Æфсæддон тыхтæ фехстой горæт Стаханов HIMARS-æй

© AP Photo / Peter HaleyHIMARS
HIMARS - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik. Украинæйы æфсæдтæ цыппæрæмы фехстой HIMARS-æй Луганскы Адæмон Республикæйы горæт Стахановы центр, радзырдтой горæты администрацийы.

"Абон 07.02 Украинæйы гарзджын тыхтæ фехстой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-æй Стахановы центр", - фехъусын кодтой горæты администраци сæ официалон Telegram-каналы.

Развæлгъау информацимæ гæсгæ, æхстыты фæстиуæгæн зианбаййаджытæ нæй.
Уӕрӕсе 24 февралы райдыдта сӕрмагонд ӕфсӕддон операци Украинайы демилитаризаци ӕмӕ денацификацийы фӕдыл. Бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй УФ Гарзджын тыхтӕ ӕхсынц ӕрмӕстдӕр ӕфсӕддон инфраструктурӕ ӕмӕ украинӕйаг ӕфсӕдты.
Ног хабӕртты лентӕ
0