10. МАСТЫ ФÆНДАГЫЛ

10. МАСТЫ ФÆНДАГЫЛ
Рафыссын
Чеселтгом сæ фæззæджы куыстытыл уыдысты æмæ сæ айрох пъырыстыф æмæ Мацабелы æрбабырст. Сæ хостæ æмæ сæ хортæ æфснайд куы фесты, уæд иу хуыцаубонмæ сæмгъуыд кодтой паддзахы хъалон — хæдзарæн стур Дзаумæ, пъырыстыфмæ ныскъæрын.
— Ам мын сæ мауал фенын кæнут, æндæра сæ карды ком никæмæйуал раздахдзынæн, — дзырдта Ака, — ныхъхъуытты сын кæнут фæйнæ стуры æмæ сæ хъуыры фæбадæнт, уыдон æвджид фæуæнт...
Æрæмбырд сты мыггæгты лæгдæртæ æмæ баныхас кодтой: фос аскъæрæнт лæппулæгтæ иу-цалдæрæй æмæ сын Ака та хистæрæн ацæуæд. Ака йæ къæхтæ ныццавта: "Нæ ацæудзынæн, мæ цæстысындз сты æмæ мæм сæ исчи уæлдай куы сдзура, уæд сыл мæ туг ныхъхъæбæр уыдзæн. Фæлтау хор ласынмæ ацæудзынæн лæппутимæ". Сразы сты Акайы ныхасыл. Хорхъуаг кæндзысты зымæджы комбæстæй бирæтæ æмæ кæмæ цы уыд, уый — цыхтытæ, стуртæ, фыстæ, тынтæ, цухъхъатæ, басылыхъхъытæ — алчи йемæ райста æмæ араст сты Акаимæ хуыцаубон Чъыребайы базармæ.
Иу-ссæдзы бæрц баисты бæлццæттæ. Ака сыл йæ цæст ахаста. Сæ фылдæрмæ хæцæнгарз нæй: сауарæзт хъаматæ æмæ цыбыр æхсаргæрдтæ, нымæттæ нагъæтбосæй баст — сæргъты фæсарц. Нæ барухс йæ зæрдæ Акайæн: æвыдæй сæ нæ ныууадздзысты уыцы куыйтæ. Цалынмæ Гуфтайæ не ’рбахизой, уæдмæ та сæм бирæгътау лæбурдзæн Мацабелты сæрджын, йæ бон ныккала, æмæ афтидармæй цы сфæраздзысты.
Ака Сæрджын Бардзимы хуыдта. Бардзим, æцæгдæр, тæнтъихæг лæг уыд, фæлæ уыйхыгъд йæ сæр уыд егъау æмæ тымбыл. Тæнæг, даргъ къубалыл дзойтæ кодта, донæфсæст насау. "Куыдзы туджы йæ къухтæ чи ’вдулы, фæлæ мæнæ исты, уæд ын йæ дымст сæр фæкъæртт кæнын бахъæудзæн"... — тызмæгцæсгомæй цыд Ака бæлццæтты разæй æмæ уынгæгзæрдæйæ сагъæс кодта. "Алæ-ма, бахъуыды бон дзы мæ фарсмæ чи ’рбалæудзæн?"
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0