9. ЛÆДЖЫ НАМЫС

9. ЛÆДЖЫ НАМЫС
Рафыссын
Уыдис сæрдыгон райдзаст райсом. Куыддæр æрбарухс, афтæ Бега фехъал кодта Дзæрæхы æмæ кæрдын райдыдтой. Кæрдæг — уымæл, цæвджытæ æртæхыл афтæ хæцыдысты, æмæ цонг кæрдынæй не ’фсæсти. Хур йæ был куы сдардта, уæд Алæг дæр райхъал, фестад æмæ, комы хъæлæсы цы суадон уыд, уырдыгæй дурыны дон хæссынмæ ацыд.
Ныр æртыккаг къуыри кæрдынц хос Чеселтгом. Хуымтæ дæр хуссарвæрсты скæрдинаг сты æмæ адæм тагъд кæнынц сæ хостыл, цæмæй хуымтæ ма фæкæрдиппæрд уой. Дард уыгæрдæнтæм чи ацæуы, уый æхсæвæддæ ныллæууы æмæ боны ’рбарухсæй талынгтæм кæрды, тындзы йæ куыстагыл.
Бега дæр æртыккаг бон фæсрагъæй не ’рцыд сæхимæ. Йæ салдаты дæр йемæ акодта æмæ Дзæрæхимæ карстой æрдæгыл Чилæхсаты Чъекъойы уыгæрдæн. Салдатæн йæ хъæдгæмттæ байгас сты. Кусын ницы йæ бон уыдис нырма, фæлæ-иу куы хос рассывта, куы бынхостæ æрбахаста, хъæуы йæ иунæгæй ныууадзын нæ бауарзта Бегайы цæст. "Цы нæ вæййы, чи зоны, лидзынвæнд дæр скæна, ам та мæ цуры уыдзæнис", — хъуыды кодта Бега. Æцæг, салдатмæ лидзынвæндæй ницы уыд. Чысыл иронау дæр базыдта æмæ къухты ’ххуысæй ныхас кодта Бегаимæ. Йæхи афтæ дардта, цыма тагъд дæр нæ кæны фæстæмæ йæ къазармамæ фæцæуыныл.
Алы бон дæр сын Къориан аходæн схæссы, хур дзæвгар куы суайы, уæд. Уæртæ та ныр дæр æрбацæуы, фæлæ диссаг, куыд раджы ссыд ацы хатт, уыцы фæдисы цыдæй сæм цæмæ схæццæ? "Мыййаг исты фыдбылыз æрцыдис?" — хъуыды кæны Бега æмæ тыхсы йæхинымæр.
Къориан нæма бахæццæ сæ цурмæ, афтæ Бега йæ цæвæджы хъæд зæххы æрсагъта æмæ йыл фыййауы лæдзæгау æнцой кæнгæйæ, сдзырдта Къорианмæ:
— Куыд раджы схæццæ дæ, исты ’рцыд, мыййаг?
— На, куы ницы, — дзуапп радта Къориан, æмæ, сæ цурмæ куы бахæццæ, уæд бафтыдта йæ ныхасыл. — Акко сæумæцъæхæй Мирманы æрбарвыста, Дзауы пъырыстыф Уасилев æмæ, дам, Мацабелты Бардзим хъалонисæг æрбацыдысты сæ чапартимæ. Лæгтæ бынаты куынæ уой, уæд, дам, тыхæй аскъæрдзысты адæмы фос æмæ, дам, куыд хæццæ кæнай рæстæгыл.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0