Хуссар Иры фæфылдæр уыдзысты пенситæ

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы майрæмбоны райсом ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады рабадт, кæцыйы боны фæткы уыдысты 21 фарсты. Рабадты размæ республикæйы хицауады сæрдар Джуссойты Константин бавдыста министрты кабинетæн дыууæ ног уæнджы – вице-премьер Джиоты Аланы æмæ УУМ ног сæргълæууæг Гассеты Ибрагимы.
Фыццаг фарст хаудта "2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фонды бюджеты фæдыл" законы проектмæ. Ацы законмæ гæсгæ, социалон æмæ фæдзæхстон пенситæ индексацигонд æрцæудзысты 8% бæрц, пенсиисджыты иумæйаг нымæц та схиздзæн 6108 адæймаджы онг, уый та 478 адæймаджы фылдæр у 2021 азмæ абаргæйæ. Законы проект райстæуыд æмхъæлæсæй.
Хуссар Иры премьер бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куысты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Хуссар Иры премьер бахæс кодта фæтагъддæр кæнын куысты темптæ Инвестпрограммæйы объекттыл
Афтæ ма æркастысты "2023 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады уæлбар кредиткæнынады фонды бюджеты фæдыл" законы проектмæ. Министрты кабинет ацы закон дæр райста æмхъæлæсæй.
Хицауад ма æрдзырдта законы проектыл, кæцы хауы республикæйы паддзахадон бюджетмæ фидæн азмæ. Хицауад æмхъæлæсæй райста законы проект ивындзинæдтимæ, кæцытæ баст сты УУМ, ПÆК æмæ ÆРС кусджытæн уæлæмхас фиддонтæ бафидынимæ.
Афтæ ма сфидар кодтой Цхинвалы, Дзауы æмæ Знауыры районты администрациты структурæ.
Уымæй дарддæр республикæйы сарæзтой къорд кадрон ивындзинады. Республикæйы ахуырад æмæ зонады министры ног хæдивæг ссис Галуанты Александр. Гаглойты Борисы та снысан кодтой сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдары хæдивæгæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0