Къуаисайы скъолайы сног кодтой хъармгæнæн системæ æмæ цалцæг кæнынц спортзал

© Sputnik / Наталья АйриянКъуаиса
Къуаиса - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik, Гæбæраты Элина. Къуаисайы скъолайы сног кодтой хъармгæнæн системæ, æввахс рæстæджы та бавналдзысты спортзалы цалцæгмæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта горæты администрацийы разамонæг Хуыгаты Алан.
Къуаисайы астæуккаг скъола у Дзауы районы егъаудæр ахуырадон уагдæттæй иу, ам ахуыр кæнынц 150 сывæллоны.
"Хъармгæнæн агдонмæ балхæдтам электро хусгæнæнтæ, бактерицидон лампæтæ, москитон хызæгтæ. Спортзалы раивдзыстæм астæрд. Фæзуат, кæцы хъæуы сцалцæг кæнын, у 35 квадратон метры. Залы цалцæгæн хъæуы цалдæр бон, мах нæ бахъыгдарддзыстæм физикон хъомылады уроктæ уадзын", - загъта Хуыгаты Алан.
Афтæ ма Къуаисайы сабидоны коммуналон службæтæ сарæзтой хайон косметикон цалцæг.
Сабидонæн ма балхæдтой бактерицидон лампæтæ, сног кодтой уæлхæдзары æмæ канализацион системæйы хицæн элементтæ.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, финанскæнынады фæстиаты аххосæй куыстытæ райдыдтой фæстæдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0