Мыггæгты таурæгътæ. Хетæджы тыххæй

Мыггæгты таурæгътæ
Рафыссын
Гуырдзыйы кънйаз бауынаффæ кодта Хетæгæн зæхх раттын æмæ йæ уым æрцæрын кæнын. Фæлæ Хетæгæн фыны загъдæуыд: "Хетæг, лæваргæнæджы зæхмæ ма фæцу, фæлæ дæхи ссаргæ зæххыл æрцæр æмæ йæ дæхицæй ма суæлдай кæн".
Уыцы æгъдауыл Хетæг баззад æмæ цуаны цыди. Цуаны цæугæйæ, æрбафтыд Нары тæссармæ, къæдзæхы сæр ссардта æрдуз æмæ йæ снысан кодта йæхицæн цæрæн бынатæн. Йæ дыууæ фарс калдысты дæттæ. Нары къæдзæхыл Хетæг лæгæт ссардта.
Иу хатт куы уыд, уæд Хетæг цуаны ацыдис æмæ саг амардта. Лæгæтмæ йæ æрхаста. Скодта дзы физонæг. Æхсæвæр бахордта, стæй бафынæй. Фыны та йæм уацхъуыдхæссæг æрбахаста уац: "Ацы ран дæуæн у дæ цæрæн бынат, æмæ дзы æрцæр. Уырдыгæй дæуæй рацæудзæн мыггаг..."
Уыцы фыны фæстæ Хетæг Бигъуылайæн ской кодта: искуы хибарæй куы ’рцæрид, уæд æм уый куыд кæсид, зæгъгæ. Бигъуыла йын бар радта йæ фæндондзинадæн (Хетæджы ус уыди Бигъуылайы чызг).
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Джыгкайты Шамилы чиныг "Ирон таурæгътæм" гæсгæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0