Мæздæджы байгом Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрезы хисæрмагонд равдыст

© Sputnik / Natalia Airiyan Чилæхсаты Магрез
Чилæхсаты Магрез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя — Sputnik. Мæздæджы уагъд цæуы Уæрæсейы адæмон нывгæнæг Чилæхсаты Магрезы хисæрмагонд равдыст, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Мадзал цæуы районон культурæйы Галуаны. Аивады уарзджытæн фадат уыдзæн базонгæ кæнын мастеры куыстытимæ – пейзажтæ, натюрморттæ æмæ портреттæ.
"Мæздæджы цæрынц тынг хæларзæрдæ æмæ курдиатджын адæм. Уый фæдыл æз сразы дæн æрхæссын ардæм мæ хисæрмагонд равдыст. Равдысты уыдзысты куыстытæ, кæцытæ уый размæ нырма никуы бавдыстон", - бахахх кодта Чилæхсаты Магрез.
Равдыст бабæрæг кæныны фадат уыдзæн декабры кæрæтты онг.
Чилæхсаты Магрез райгуырд Дзауы районы Чеселты хъæуы. У Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат.
Йæ куыстытæ фенæн ис Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы, Омскы, Киевы музейты, афтæ ма хицæн адæмы коллекциты Европæйы бирæ горæтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0