Уæрæсейы ХМ фехъусын кодтой фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты базæтæ скуынæг кæныны тыххæй

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ
Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 ноя – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады (ХМ) фехъусын кодтой фæсарæйнаг æххуырст æфсæддонты базæтæ скуынæг кæныны тыххæй.
Польшæйаг æфсæддонты дисллокацийы æртæ базæйы фехстой иттæг дырыс ракетæтæй, уый фæстиуæгæн амардысты 200 адæймаджы.
Донецкы адæмон республикæйы иттæг дырыс ракетæтæй скуынæг кодтой сæдæйæ фылдæр æххуырсты "Фæсарæйнаг легион"-æй, иу танк, дыууæ бронехæдтулгæйы æмæ аст хæдтулгæйы.
Купянскы здæхтыл Украинæйы Гарзджын тыхты атакæ фæстæмæ аппарыны фæстиуæгæн уæрæсейаг æфсæддонтæ артиллерийы æххуысæй скуынæг кодтой 30 украинæйаг æфсæддоны, пехотæйы æртæ хæстон хæдтулгæйы æмæ цыппар бронехæдтулгæйы.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой цыппар украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы фондз сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 333 хӕдтӕхӕджы, 177 вертолеты, 2562 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 390 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6813 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 902 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3620 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7352 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0