Ирон фысджытæ. Хуытъинаты Цыппу

Хуытъинаты Цыппу
Рафыссын
Нæ адæмæн баззад æмбисонд: "Цард цæрынæн у". О, фæлæ уый алы хатт адæймаджы къухты нæ бафты. Цард хорз у, цард адджын у, фæлæ мæнгард, сайæгой, æууæнк ыл нæй, цы фæнды дзы дæхи куы хизай, уæддæр.
Ирмæ ахæм куырыхон ныхас баззад: кæд адæймаджы радтай, уæд æй бауадз цæрын дæр.
Афтæ у цард. Хосдзауæн æрдæгхастæй баззайы йæ уис, æрдæгамад йæ мæкъуыл, хуымгæнæгæн – йæ гутоны хахх, фыййауæн – йæ лæдзæг, фыссæгæн – йæ фыссинæгтæ. Кæй ранымадтон, уыдонæй иу стыр хай хауы æдзард поэт Хуытъинаты Цыппумæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0