11. ГИВИ ÆМÆ ТИНА ФЕРВÆЗТЫСТЫ УАЦАРÆЙ

11. ГИВИ ÆМÆ ТИНА ФЕРВÆЗТЫСТЫ УАЦАРÆЙ
Рафыссын
Тина нырма хæрз æвзонг чызг уыд, фынддæсаздзыд. Цы ’рцыд, уымæй йæ зæрдæ фæтарст: фыццаг хатт федта, лæг лæджы куыд мары, уый. Йæ зæрдыл æрлæууыд, йæ фыд Ерекъле Ног азы размæ хаст хуы куыд фергæвды. Адон дæр афтæ æргæвстой æмæ мардтой, æрмæст хуыты нæ, адæймæгты. Йæ цæстытæ нырма дæр абоны тасæй уыдысты дзагъыр æмæ дзæгъæлгаст.
Акайы ныхæстæй дæр бамбæрста æрмæст уый, æмæ дзурын кæй никæмæн ницы хъæуы. Фæлæ утæппæт тас йæ хуылфы куы фæдара, уæд йæ зæрдæ аскъуыйдзæн. Зæххыл йæ мад Маринейæ тынгдæр никæуыл æууæнды æмæ цалынмæ уый хъæбысы, йæ фæлмæн къухты хъарм йæ уадултæй хатгæйæ, йæ зæрдæйы фаг фæкæуа, йæ бирæ хъизæмайраг тас фæдзура, уæдмæ никуы бафынæй уыдзæн, йæ зæрдæ æнцой не ссардзæн, йæ цæсты бын нæ басур уыдзæн.
Гиви ныр лæг уыд, кæд ыл стдæс азы йеддæмæ нæ цыд, уæддæр. Бæрзонд, рæхснæг, фæлæ уæнгтæй — арæзт. Чызгау, цæсгомæй рæ сугъд. Йæ фындзы бын гæзæмæ фæмил. Куысты йæ фыдæн ницы уагъта, хæдзары та — сабыр æмæ коммæгæс. Ие ’мбæлтты хылты дæр никæй фæнадта, фæлæ йæ Бардзим иу къуыри скъæты куы фæдардта, стæй йæ туркагæн куы ныууæй кодта, уæд йæхицæн ард бахордта, кæд ма ацы бæстаг дон искуы баназа, уæд ын Бардзимы æнæ амаргæ нæй. Цард йæхицæн адджын не скæндзæн, цалынмæ йе ’лдарæй йæ маст райса, уæдмæ.
Бирæ фæхъуыды кодта йæ маст райсыныл. Йæ цæстытыл уадысты йæ фыдгулты сæфты нывтæ æмæ йæ зæрдæ уымæй рæвдыдта ныккæнды къуырийы дæргъы. Фæлæ абон хæрз цыбыр рæстæгмæ бамбæрста, мастисын рæсугъд фæндтæй кæй нæу, фæлæ æгъатыр тугкалæн хæст кæй у. Мастисынæн фидар къух, тыхджын зæрдæ æмæ æгъуыстаг хæрамдзинад кæй хъæуы. Датикъо æмæ туркæгты куы цагътой Акаитæ, уæд йæ зæрдæ бауынгæг.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0