https://sputnik-ossetia.com/20221128/12-guyzaty-iuane-rtsyd-dzaum-20145626.html
12. ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ ÆРЦЫД ДЗАУМÆ
12. ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ ÆРЦЫД ДЗАУМÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Пъырыстыф нымадта æмæ лыстæггай сгæрста стурты. Фæндыдис æй, исты хуызы ма сæ исты куы ’рдомид, фæлæ ницы ’фсон ардта æмæ мæсты кодта. Ногæй æмæ ногæй зылдис... 28.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-28T17:30+0300
2022-11-28T17:30+0300
2022-11-28T17:30+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/18/20145457_0:0:1925:1082_1920x0_80_0_0_f03bed32dfd325dc718e7dc9dd4866ac.png
12. ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ ÆРЦЫД ДЗАУМÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
12. ÆГЪУЫЗАТЫ ИУАНЕ ÆРЦЫД ДЗАУМÆ
Пъырыстыф нымадта æмæ лыстæггай сгæрста стурты. Фæндыдис æй, исты хуызы ма сæ исты куы ’рдомид, фæлæ ницы ’фсон ардта æмæ мæсты кодта. Ногæй æмæ ногæй зылдис фосы ’хсæнты. Æрæджиау æй Созыр иу дыууæаздзыд æрдызт уæныджы цур æрурæдта æмæ загъта тæлмацæн:— Паддзахы дæр, зæгъ, уæ хорз фæнды. Мæнæ, зæгъ, уын сауджын дæр æрбарвыста æмæ уæм скъола дæр хъуамæ байгом кæнæм. Ялгъузидзе-уæздан, зæгъ, ам ис æмæ уый дæр уемæ акæнут. Скъоламæ чи цæудзæн, уыдон хъуамæ фена. Цы пайда у ахуыры рухс, уый бамбарын кæна, сауджыны уын базонгæ кæна...Æгъуызаты Иуанейы коймæ Созыры зæрдæ фæрухс. Фæуагъта йæ быцæу æмæ райгæйæ афарста:— Кæм ис, кæ, Иуане, ам ис? Дзауы?— Ныртæккæ, зæгъ, зындзæн. Дзауы сауджынмæ æхсæвиуат кодтой æмæ ныр хъуамæ зыной.Ахицæн кодтой фос исыны хъуыддаг æмæ Созыр æнхъæлмæ каст Иуанемæ. Бабеитæ дæр цымыдисæй скъорд сты пъырыстыфы бынаты раз æмæ Иуанейы æрбацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Созыр рагæй зонгæ уыд йемæ, бирæ изæрты фæныхæстæ кодтой, фæлæ йæ фæсивæдæй чи гæзæмæ хъуыды кодта, чи та йæ æппындæр никуы федта.Иуане цыдис дыууæ сауджыны астæу. Рæхснæг лæг, тæнæг арæзт.Цыбырных уæлдзарм худ йæ къухы хаста æмæ йын уддзæф змæлын кодта йæ тæнæг уырынгтæ-уырынгтæ сæры хил. Цыбырæлвыд, урсхæццæ, мыдгъуыз зачъетæ аив фидыдтой мæллæг, фæлурс цæсгомыл. Фæтæн ныхы бын æрфгуыты астæу арф дзыхъхъ, уыгардау, зындис æмраст тæнбазыр фындзы сæрмæ. Сау, фæлладгъуыз цæстытæ чысыл æнтъыснæг зындысты, фæлæ цæрдæг, райгæ каст кодтой.Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/18/20145457_0:0:1443:1082_1920x0_80_0_0_136c6a0630e60a62e17af13025b26566.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Пъырыстыф нымадта æмæ лыстæггай сгæрста стурты. Фæндыдис æй, исты хуызы ма сæ исты куы ’рдомид, фæлæ ницы ’фсон ардта æмæ мæсты кодта. Ногæй æмæ ногæй зылдис фосы ’хсæнты. Æрæджиау æй Созыр иу дыууæаздзыд æрдызт уæныджы цур æрурæдта æмæ загъта тæлмацæн:
— Паддзахы дæр, зæгъ, уæ хорз фæнды. Мæнæ, зæгъ, уын сауджын дæр æрбарвыста æмæ уæм скъола дæр хъуамæ байгом кæнæм. Ялгъузидзе-уæздан, зæгъ, ам ис æмæ уый дæр уемæ акæнут. Скъоламæ чи цæудзæн, уыдон хъуамæ фена. Цы пайда у ахуыры рухс, уый бамбарын кæна, сауджыны уын базонгæ кæна...
Æгъуызаты Иуанейы коймæ Созыры зæрдæ фæрухс. Фæуагъта йæ быцæу æмæ райгæйæ афарста:
— Кæм ис, кæ, Иуане, ам ис? Дзауы?
— Ныртæккæ, зæгъ, зындзæн. Дзауы сауджынмæ æхсæвиуат кодтой æмæ ныр хъуамæ зыной.
Ахицæн кодтой фос исыны хъуыддаг æмæ Созыр æнхъæлмæ каст Иуанемæ. Бабеитæ дæр цымыдисæй скъорд сты пъырыстыфы бынаты раз æмæ Иуанейы æрбацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Созыр рагæй зонгæ уыд йемæ, бирæ изæрты фæныхæстæ кодтой, фæлæ йæ фæсивæдæй чи гæзæмæ хъуыды кодта, чи та йæ æппындæр никуы федта.
Иуане цыдис дыууæ сауджыны астæу. Рæхснæг лæг, тæнæг арæзт.
Цыбырных уæлдзарм худ йæ къухы хаста æмæ йын уддзæф змæлын кодта йæ тæнæг уырынгтæ-уырынгтæ сæры хил. Цыбырæлвыд, урсхæццæ, мыдгъуыз зачъетæ аив фидыдтой мæллæг, фæлурс цæсгомыл. Фæтæн ныхы бын æрфгуыты астæу арф дзыхъхъ, уыгардау, зындис æмраст тæнбазыр фындзы сæрмæ. Сау, фæлладгъуыз цæстытæ чысыл æнтъыснæг зындысты, фæлæ цæрдæг, райгæ каст кодтой.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.