Æртæ адæймаджы бахъыгдард сты цыппар ФТЦ-ы: МХМ республикæйы фæндæгтыл уавæры тыххæй

© МВД РЮОРейдтæ
Рейдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ срегистраци кодтой республикæйы фæндæгтыл цыппар фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фæстиуæгæн бахъыгдард сты æртæ адæймаджы.
"Афтæ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 246 фæткхалды. Авд шофыры скъæрдтой автотранспорт нозтджынæй", - банысан кодтой МХМ пресс-службæйы.
Барадхъахъхъæнæг уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, иу къуыримæ республикæйы территорийыл регистрацигонд æрцыд дыууæ фыдракæнды, кæцытæ раргом кодтой мидхъуыддæгты органтæ. Алыгъуызон фæткхæлдты тыххæй бæрнмæ æрбаздахтой дыууæ адæймаджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0