https://sputnik-ossetia.com/20221128/spiker-radzyrdta-kd-rksdzysty-khussar-iry-genprokuror-snysan-knynm--20208526.html
Спикер радзырдта, кæд æркæсдзысты Хуссар Иры генпрокурор снысан кæнынмæ
Спикер радзырдта, кæд æркæсдзысты Хуссар Иры генпрокурор снысан кæнынмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан барвыста парламентмæ бавдыст Бететы Сосланы Хуссар Ирыстоны генпрокуроры бынатмæ снысан кæныны... 28.11.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-11-28T15:33+0300
2022-11-28T15:33+0300
2022-11-28T15:33+0300
хуссар ирыстоны
парламент
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/11/11957759_0:0:3072:1728_1920x0_80_0_0_54afe870e6d6488421b5fa000b37633c.jpg
ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан барвыста парламентмæ бавдыст Бететы Сосланы Хуссар Ирыстоны генпрокуроры бынатмæ снысан кæныны фæдыл. Парламенты спикер Æлборты Алан фехъусын кодта Sputnik, президенты бавдыстмæ кæй æркæсдзысты ацы къуыри.Спикер бахахх кодта, кандидат цæргæ-цæрæнбонты кæй фæкуыста прокуратурæйы, советон рæстæджы уыд хуссарирыстойнаг АО прокуроры æххуысгæнæг уголовон хъуыддæгты фæдыл тæрхоны, Дзауы районы та куыста прокуроры бынаты. Дарддæр службæ кодта Цæгат Ирыстоны прокуратурæйы органты.Цæстдардон уагдоны раздæры сæргълæууæг радта оставкæмæ президентон æвзæрстыты фæстæ ацы аз майы. Разамонæджы хæстæ ныры онг æххæст кæны генпрокуроры хæдивæг Битеты Сергей.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/03/11/11957759_343:0:3072:2047_1920x0_80_0_0_478dd94dc36decd3671f63a198a66241.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, парламент, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, парламент, ног хабӕрттӕ
Спикер радзырдта, кæд æркæсдзысты Хуссар Иры генпрокурор снысан кæнынмæ
ЦХИНВАЛ, 28 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Президент Гаглойты Алан барвыста парламентмæ бавдыст Бететы Сосланы Хуссар Ирыстоны генпрокуроры бынатмæ снысан кæныны фæдыл. Парламенты спикер Æлборты Алан фехъусын кодта Sputnik, президенты бавдыстмæ кæй æркæсдзысты ацы къуыри.
Спикер бахахх кодта, кандидат цæргæ-цæрæнбонты кæй фæкуыста прокуратурæйы, советон рæстæджы уыд хуссарирыстойнаг АО прокуроры æххуысгæнæг уголовон хъуыддæгты фæдыл тæрхоны, Дзауы районы та куыста прокуроры бынаты. Дарддæр службæ кодта Цæгат Ирыстоны прокуратурæйы органты.
"Ис ын тынг бирæ уагдонон хорзæхтæ, уыдоны ᾿хсæн Уæрæсейы генералон прокурорæй дæр. Мæнмæ гæсгæ у хорз кандидатурæ", - бафтыдта Æлборты Алан.
Цæстдардон уагдоны раздæры сæргълæууæг радта оставкæмæ президентон æвзæрстыты фæстæ ацы аз майы. Разамонæджы хæстæ ныры онг æххæст кæны генпрокуроры хæдивæг Битеты Сергей.