14. ЦИН ÆМÆ МАСТ

14. ЦИН ÆМÆ МАСТ
Рафыссын
— Чындзхæсджытæ æрбацæуынц, чындзхæсджытæ æрбацæуьшц! — сывæллæтты разæй хъæргæнгæ згъоры Хъази Хъараманты хæдзармæ. — Ой, уæрæйдæ, ой! Æрбацæуынц!..
Хъараманты хæдзары сæм æнхъæлмæ кастысты хъæуы фæсивæд — лæппутæ, чызджытæ, сывæллæттæ. Ныр "æрбацæуынц!" куы фехъуыстой, уæд схъомпал сты. Аразинаг дзы ницы ис, æппæтдæр рагæй цæттæ у, æмæ уыйадыл ноджы хæццæ кæнынц, иу ранæй иннæ ранмæ цæуынц.
Уалынмæ топпы хъæр фæцыд. Уый сиахс Басыл фехста: ног адæймаг бафтыд хъæубæстыл, зæгъгæ, æмæ йæ алчидæр фехъусæд! Чызджытæ сиахсы дзыппытæ къахынмæ азгъордтой æзфæраздæронæй. Афтæ у æгъдау, сиахсы дзыппыты хъуамæ исты уа — цъындатæ, æрмкъухтæ, сæрбæттæнтæ, адджинæгтæ... Чи йæм фæраздæр уа, уыдоныл сæ байуары.
Æрбахæццæ сты чындзхæсджытæ. Кæрты раз сæ бæхтæй æрхызтысты. Чындз-æмбæлттæ — фондз лæппуйы, сæ хойы алыварс лæууынц. Солтан — сæ разæй. Къухылхæцæг Бега йæ хойы къухыл ныххæцыд, хæдзармæ йæ фæкæны, фæлæ йæ размæ рацыд Басылы мад Тыджион, ацæргæ, хæрзхуыз ус. Йæ сæрыл сау кæлмæрзæн сæрбæттæны уæлæ — уæгъдæппæрст.
— Нæ лæппу, дæ нывонд фон, цы хъæбулы мын æркодтай, уыйма мын равдис, — бакасти зæлдаг хызы бын йæ чындзы цæсгоммæ, йæ зæрдæ барухс æмæ хъæлдзæгæй сдзырдта. — Пуй, пуй, цæстæй дын хай ма уæд, фарны къах æрбайс мæ хæдзармæ, дæ нывонд фон... А-ма, ацы мыдæй иу къæртт дæ дзыхы баппар, — дары чындзмæ хъæдын къусы æнæдыгъд мыды фæзгъæртæ. Чызг мыды чысыл къæртт систа, æмæ уæд Тыджион арфæтæм фæци. — Мыдау адджынæй фæцæрут дæ сæрыхицауимæ, дæ нывонд фон. Ацы нæмгуытау æфсирджын цы рацæуай, — йæ раздарæны дзыппæй хоры нæмгуытæ систа æмæ сæ чызджы сæрыл рауагъта.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0