Хуссар Ирыстоны фæзындзæн ног политикон партитæ

© Sputnik / Natalia AiriyanЮстицийы министр Гаглойты Олег
Юстицийы министр Гаглойты Олег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Хуссар Ирыстоны юстицийы министрадмæ бавдыстæуыд 4 фидиуæны ног политикон партитæй. Уый тыххæй информаци æмæ мыхуыры Комитеты пресс-конференцийы радзырдта юстицийы министр Гаглойты Олег.
Гаглойты Олег банысан кодта, юстицийы министрадæн кæй фехъусын кодтой 4 организацион комитеты политикон партитæй. Дардæр уыдон хъуамæ æрбавдисой æмбæлон документты пакет. Нырма партитæй иу дæр не ᾿рбахаста йæ гæххæттытæ.
Афтæ ма министр банысан кодта фæстаг æрдæг азмæ ликвидацигонд кæй æрцыд иу парти - "Родина".
Ныры рæстæджы республикæйы регистрацигонд сты æрмæст авд партийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0