Цæгат Иры сфæлдыстой иууыл стырдæр арт-объект

© Photo : "15-й Регион"Цæгат Ирыстоны сфæлдыстой иууыл стырдæр арт-объект
Цæгат Ирыстоны сфæлдыстой иууыл стырдæр арт-объект - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 29 ноя – Sputnik. Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзары къулыл цы арт-объект сарæзтой, уый цæхгæр фæивта йæ алыварс алфæмблай æмæ атмосферæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта куыста автор Цæгæраты Давид.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног арт-объект сарæзтой парти "Единая Россия"-йы бынæттон фадыджы хъæппæрисмæ гæсгæ.

"Уыдон рамбылдтой мидпартион конкурс, кæцыйы фæлгæтты банхъардтой сныв кæнын арт-объект, æмæ равзæрстой мæн йæ æххæстгæнæгæй. Нывыл ис Хъаныхъуаты Умары сюжет. Ацы ныв алчидæр зоны, мыхуыр æй кодтой 1975 азæй фæстæмæ алы ахуыргæнæн чиныджы æмæ Нарты эпосы чингуыты дæр. Арт-объекты ас у 31x13 метрмæ. Æвæццæгæн абоны бон у æппæты стырдæр арт-объект Цæгат Ирыстоны", - радзырдта уый.

Цæгæраты Давиды ныхæстæм гæсгæ, æххуыс ын бакодтой йæ коллегæтæ Цæцæнæй, персонажты та равзæрстой цæрджытæ сæхæдæг хъæлæсæппæрстæй.
Куыд ма бафтыдта нывгæнæг, афтæмæй цæмæй арт-объект бирæ фæлæууа, уый тыххæй спайда кодтой сæрмагонд хуызы ахорæнтæй æмæ фæрæзтæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0