15.АКА ЦÆУЫ БАЛЦЫ

15.АКА ЦÆУЫ БАЛЦЫ
Рафыссын
Ака Бабейы райхъал кодта:
— Лæппу, фæгæпп кæн, цом мемæ, бæхтæ баифтындз, иннæты ма райхъал кæн.
Бабе, Мирман, Къакъо æмæ Гиви фæтæны цъеритæ æфтауц кодтой суанг талынгтæм, тынг ныффæлладысты æмæ чындзæхсæвмæ нал акуымдтой, æхсæвæр ахордтой æмæ ныххуыссыдысты. Бабе зивæггæнгæ йæ цæнгтæ айвæзта, фынæй кæнын ма йæ фæндыд, фæлæ... æхсæвыгон балц Аккоимæ! — уымæй дæр иннæты нæ кæны, æвæццæгæн, исты тæссаг балц у, цæуын хъæуы! Нæ бафарста, кæдæм, цæй тыххæй. Чысыл æнцад алæууыд йæ хуыссæны, стæй рабадт, йæ дзауматæ акодта æмæ фæсмын хъæццул Гивийы уæлæ æрытыдта. Гиви фынæй нæ уыд æмæ йын йæ къух ацахста:
— Кæдæм, Бабе?
— Аккоимæ кæдæмдæр. Æз дæр æй нæ зонын.
— Уæд æз дæр уемæ цæуын, — сындæггай аиуварс кодта йе ’мбæрзт æмæ йæ дзаумæттæ кæныныл фæци.
Рахызтысты æмæ кæрты Ака æмæ Солтаны ауыдтой. Гиви бацыд Акамæ:
— Дзиа[1]Ако, мæн дæр уемæ ауадзут... Кæд, мыййаг, дæлæмæ цæут... Мæ мад æмæ мæ фыды абæрæг кæнон...
Гивийы хъæлæсæй Ака бамбæрста, лæппу йæ ныййарджыты кæй мысы, æмæ йын фæтæригъæд кодта. "Акæнон æй уæд та?.. Кæд ын уым ныллæууæн уа, лæууæд".
— Рацу, швило, фен дæ мад, дæ фыды. Æвзæр нæу. Кæд дæ нал фæнды ам, уæд лæуу уым.
— Фæндоны тыххæй нæу, дзиа, фæлæ сæ абæрæг кæнон. Куыд сты, ницы зонын. Мæ зæрдæ æхсайы, мацы сын сфыдбылыз кæна æлдар.
— Хорз, рацу. Бæхтæ сифтындзут. Лæппу, Былджын (уый Акайæн йæхи балцы бæх уыд, йæхицæй дарддæр бадын дæр никæй уагъта, дæндагæй къæпп кодта, Ака-иу ыл мæсты хъæр куы скодта, уæд таиу æрсабыр æмæ-иу йæ был æруагъта, Былджын дæр æй уымæн хуыдта), Хъилхъус æмæ Байраджы сифтындз. Хъилхъусыл Гиви сбаддзæн.
Лæппутæ бæхтæ ифтындзынмæ ауадысты.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
[1] Дзиа (гуырдз.) — фыдыфсымæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0