16. ФЕСÆФТ КЪУЛОЙ

16. ФЕСÆФТ КЪУЛОЙ
Рафыссын
Акаитæ фæрсгæ-фæрсгæ ныццыдысты суанг Агарамæ, фæлæ сын уыцы иу дзуапп лæвæрдтой: "Акодтой ауылты иу-цалдæр æлхæд лæджы. Дзырдтой, иу ирон дæр, дам, ис семæ, фæлæ аивгъуыдтой, ам никуыуал сты. Лидзгæ дæр дзы ничи ракодта, бирæйæ сæ хъахъхъæдтой"...
Фесæфт Къулой. Йæ кой дæр никуыуал ис. Кæмдæр Турчы зæххыл уацайраг, æлхæд лæг. Кæдæм ма йæм фæцыдæуа? Æрхæндæгæй раздæхт Ака, æмæ талынджы Чъыребайы кæрон сæндоны æрбынат кодтой. Æнæтынд сæнæфсиртæ ма дзы уыд æмæ уыдонæй ахордтой, стæй лæппуты схуыссын кодта, йæхæдæг йæ къогъодзитæ феппæрста, йæ рон суагъта æмæ нымæтыл æрхуыссыд.
Райсомæй цæххытæ балхæдта. Бæхтыл рог уаргъæн фæйнæ дыууæ цæххы къæртты баппæрстой къæссаты æмæ рафардæг сты фаллаг фæрсты, Хеитыл. Итраписмæ æввахс сыл иу лæг æрбамбæлд, дыууæ уæныджы йæ разæй скъæры, сæрбосæй кæрæдзимæ баст. Салам радтой кæрæдзийæн æмæ йæ иувæрсты ахызтысты. Акайæн йæ зæрдæ фехсайдта æмæ фæурæдта йæ бæх.
— Бичъо, уыдон дын кæй уæнгуытæ сты?
— Æлдары, æндæр кæй... Дзауы пъырыстыф сæ рарвыста, ахсæв куывд уыдзæн æлдармæ, Калакæй хицæуттæ æрбацæудзысты...
Солтанитæ дæр æрурæдтой сæ бæхтæ æмæ уæнгуытæм дзæбæх куы ’ркастысты, уæд Солтан бахудти:
— Адон нæхи Бисолы æмæ Гуыдзейы уæнгуытæ куы сты. Паддзахы хъалон!
— Æцæг, æцæг, куыннæ сæ фæхъуыды кодтон раздæр, — базыдта сæ Бабе дæр.
— Уæдæ нæ уæнгуытæй паддзахы номыл Сæрджын куывдтæ кæны? — йæ сæр батылдта Ака. — Лæппу, цы, уый зоныс? Адон мах аскъæрдзыстæм, куывд кæнын мах дæр хорз зонæм. Ды уайгæ æмæ батъонийæн зæгъ: дæ кусæрттæгты, зæгъ, дын фескъæрынц æмæ сæ асур фæстейæ. Чи сæ аскъæрдта куы фæрса, уæд-иу зæгъ: Ака Къабисашвили, Ака. Нæ дæ ферох уыдзæн?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0