Хуссар Иры дарддæр æххæст кæнынц Гуырдзыстонимæ арæнты хæрзарæзтад

© Sputnik / Natalia AiriyanПаддзахадон арæн
Паддзахадон арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны арæнтæ хæлд æрцæуынц кæнæ цæрджытæй, кæнæ хæдзарон фосæй, фехъусын кодтой Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæйы.
"Ныры рæстæджы куыст цæуы арæнæвæрдон фæткхæлдтæ арæхдæр кæм цæуынц, уыцы паддзахадон арæнты фадгуытæ сæмбонд кæныныл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ мадзæлттæ æххæст цæуынц арæнхъæхъхъæнæн органтæй РХИ арæнæрæвæрдон фадыджы закъонтимæ æмæ здæхт сты æрмæстдæр хуссарирыстойнаг æмбæстæгты æдасдзинад хъахъхъæнынмæ.
ПÆК сиды республикæйы цæджытæм, цæмæй æмбаргæ ахаст равдисой паддзахадон арæнхъахъхъæнæн куыстытимæ баст мадзæлттæ æмæ арæнæвæрдон зындзинæдтæм .
Ног хабӕртты лентӕ
0