Цæгат Иры фæкарздæр кодтой хихджын хъæды хъахъхъæнынад ногазон бæрæгбонты размæ

© pixabay / manfredrichterНаз бæлас
Наз бæлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Цæгат Ирыстоны æрдзы министрад фæкарздæр кодта хихджын хъæды хъахъхъæнынад ногазон бæрæгбонты размæ, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ министры хæдивæг Хамихъоты Роберты ныхæстыл æнцойгæнгæйæ. Ноябры æмбисæй специалисттæ полицийы кусджытимæ иумæ райдыдтой уадзын рейдтæ назы бæлæсты æнæзаконæй лыг кæныны бынæтты.
"Алагиры, Дзæуджыхъæуы, Ирæфы, Кировы æмæ Мæздæджы районты территориты мобилон къордтæ æрвыл суткæ патруль кæнынц хихджын хъæдтæ. Ногазон наз бæлæстæ æнæзаконæй чи ралыг кæна, уыдоны æрбаздахдзысты бæрнмæ", - банысан кодта Хамихъоты Роберт.
Бæлæстæ æнæзаконæй ралыг кæныны тыххæй фæткхалæгмæ æнхъæлмæ кæсы ивар: физикон гоймæгтæн – цыппар мин сомы онг, службæйы гоймæгтæн – 40 мин сомы онг, юридикон гоймæгтæн та – 300 мин сомы онг.
Уголовон бæрндзинад æнхъæлмæ кæсы фæткхалæгмæ, кæд æмæ зианы суммæ рацыд фондз мин сомæй фылдæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0