Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ фæлварынц ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийæ пайда кæныны ног фадæттæ

© Sputnik / Павел Лисицын /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы Гарзджын тыхтæ
Уæрæсейы Гарзджын тыхтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.11.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 ноя — Sputnik. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фехъусын кодта, УФ Гарзджын тыхтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы кæй фæлварынц ракетон æфсæдтæ æмæ артиллерийæ пайда кæныны ног фадæттæ.

"Знаджы эффективон æхст кæнын у хæстон архæйдтыты æнтысты ахсджиаг момент. Уым та вазыгджын бынат ахсынц ракетон æфсæдтæ æмæ артиллери. Сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы фæлварынц сæ пайда кæныны ног фадæттæ. Сæйраджыдæр, уый хауы разысгарæн æхсыны комплекстæм, сæ нымæцы æнæпилотон тæхæг аппараттæ, афтæ ма нырыккон хæцæнгарзы хуызæгтæ", - загъта министр УФ Хъахъхъæнынадон коллегийы рæстæджы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæлтæрддзинад хынцгæйæ хуыздæр кæны контрбатарейон тох дæр.
"Уыцы хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынмæ æрзбахдахтам дæрддзæф реактивон артиллерион системæтæ "Торнадо-С" æмæ егъау гуырхасты артиллерион системæтæ "Малка" – фехъусын кодта Шойгу.
Ног хабӕртты лентӕ
0