https://sputnik-ossetia.com/20221201/18-tsuan-20147992.html
18. ЦУАН
18. ЦУАН
Sputnik Хуссар Ирыстон
Талынгæй ацыдысты Бега, Алæг æмæ Дзæрæх Зикъарайы бынмæ. Æфцæгмæ схизæны раз цы дзыхъхъ ис, уырдæм куы схæццæ сты, уæд бон ивайын райдыдта. Дурæй-дурмæ... 01.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-01T11:49+0300
2022-12-01T11:49+0300
2022-12-01T11:49+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
истори
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/18/20147834_0:0:1925:1082_1920x0_80_0_0_24124dc80d892a1c4569951af656b9ea.png
18. ЦУАН
Sputnik Хуссар Ирыстон
18. ЦУАН
Талынгæй ацыдысты Бега, Алæг æмæ Дзæрæх Зикъарайы бынмæ. Æфцæгмæ схизæны раз цы дзыхъхъ ис, уырдæм куы схæццæ сты, уæд бон ивайын райдыдта. Дурæй-дурмæ, хъуызæтау, цыдысты. Æрдзуццæг-æрдзуццæг кодтой, чи зоны сæ зæххы алгъыл искуы суыной. Дзæвгар куы суадысты, уæд сæ Бега иу стыр дуры цур къухы фæхъилæй æрурæдта. Сæ хъус адардтой иууылдæр æмæ суыдтой: чысыл уæлдæр, мит кæйонг æрхæццæ, уый дымæгмæ адаггонды хуыссы сычъиты дзуг, иу дзы сыстад, йæхи айвæзтытæ кодта. Багатæ згъалгæ, фæйнæрдæм асмыстытæ кодта æмæ стæй ныджджих. Æрмæст ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ сæр разылдта, фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ.— Дард сты... Хæстæгдæр сæм схизын хъæуы, фæлæ æгæр фæрухс, — бахъынцъым кодта Бега. Хъуызын сæм байдыдтой, фæлæ сæм куы феввахсдæр сты, уæд хъахъхъæнæг сычъи фехситт кодта æмæ агæпп кодта дурæй. Фæгæппытæ кодтой иууылдæр.— Æхсгæ! — сдзырдта Бега æмæ æртæ дæр æмæхст фæкодтой. Дыууæ дзы уайтагъд æрхауд æмæ сæ гæндзæхтæ цагътой. Æртыккаг дæр фæкалд, фæлæ та фестад æмæ слыгъд йе ’мбæлтты фæдыл. "Фæцæф!" — ахъуыды кодта Бега æмæ фестад. Сычъитæ сивылдысты бæрзæндмæ, Бега сыл зæрдæбынæй ныхситт кодта, æмæ чысыл фæстæдæр фæаууон сты.— Ауадз сæ, уыдон ныр Æнусон цъитимæ цæудзысты, Сау къæдзæхы рæбынтæм сфардæг уыдзысты, — цингъуызæй бакодта Бега.Ссыдысты сæ сычъитæм, æрысгæрстой сæ æмæ сæ цуры æрбадтысты. Сæ топпытæ та сифтыгътой æмæ аходæн бахордтой.— Лæппутæ, сымах ам лæуут. Æз Æнусон цъитимæ схиздзынæн æмæ къæдзæхы рæбынмæ бацæудзынæн. Кæд сычъи уæлæнгай цæф нæу, уæд уым искуы уыдзæн... Кæд нæ уа, уæд раздæхдзынæн фæстæмæ...Дзæрæх æмæ Алæг дæр æфцæгмæ Бегаимæ схызтысты. Дарддæр сæ нал ауагъта. Уыдон уым баззадысты, Джинаты коммæ ныккæсæны. Бега сычъиты фæдыл ацыд. Бирæ йæм фенхъæлмæ кастысты Дзæрæхитæ, йæ фæдыл ацæуынмæ дæр рахъавыдысты, фæлæ уæдмæ Бега дæр æрзынд цъитийы уырынгты сæрмæ, сычъийы мард йе ’ккой, афтæмæй.Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/18/20147834_0:0:1443:1082_1920x0_80_0_0_c4205dd3f1d144e8a3c6d17d640e334e.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , истори, аудио
Талынгæй ацыдысты Бега, Алæг æмæ Дзæрæх Зикъарайы бынмæ. Æфцæгмæ схизæны раз цы дзыхъхъ ис, уырдæм куы схæццæ сты, уæд бон ивайын райдыдта. Дурæй-дурмæ, хъуызæтау, цыдысты. Æрдзуццæг-æрдзуццæг кодтой, чи зоны сæ зæххы алгъыл искуы суыной. Дзæвгар куы суадысты, уæд сæ Бега иу стыр дуры цур къухы фæхъилæй æрурæдта. Сæ хъус адардтой иууылдæр æмæ суыдтой: чысыл уæлдæр, мит кæйонг æрхæццæ, уый дымæгмæ адаггонды хуыссы сычъиты дзуг, иу дзы сыстад, йæхи айвæзтытæ кодта. Багатæ згъалгæ, фæйнæрдæм асмыстытæ кодта æмæ стæй ныджджих. Æрмæст ма-иу рæстæгæй-рæстæгмæ йæ сæр разылдта, фæйнæрдæм фæлгæсгæйæ.
— Дард сты... Хæстæгдæр сæм схизын хъæуы, фæлæ æгæр фæрухс, — бахъынцъым кодта Бега. Хъуызын сæм байдыдтой, фæлæ сæм куы феввахсдæр сты, уæд хъахъхъæнæг сычъи фехситт кодта æмæ агæпп кодта дурæй. Фæгæппытæ кодтой иууылдæр.
— Æхсгæ! — сдзырдта Бега æмæ æртæ дæр æмæхст фæкодтой. Дыууæ дзы уайтагъд æрхауд æмæ сæ гæндзæхтæ цагътой. Æртыккаг дæр фæкалд, фæлæ та фестад æмæ слыгъд йе ’мбæлтты фæдыл. "Фæцæф!" — ахъуыды кодта Бега æмæ фестад. Сычъитæ сивылдысты бæрзæндмæ, Бега сыл зæрдæбынæй ныхситт кодта, æмæ чысыл фæстæдæр фæаууон сты.
— Ауадз сæ, уыдон ныр Æнусон цъитимæ цæудзысты, Сау къæдзæхы рæбынтæм сфардæг уыдзысты, — цингъуызæй бакодта Бега.
Ссыдысты сæ сычъитæм, æрысгæрстой сæ æмæ сæ цуры æрбадтысты. Сæ топпытæ та сифтыгътой æмæ аходæн бахордтой.
— Лæппутæ, сымах ам лæуут. Æз Æнусон цъитимæ схиздзынæн æмæ къæдзæхы рæбынмæ бацæудзынæн. Кæд сычъи уæлæнгай цæф нæу, уæд уым искуы уыдзæн... Кæд нæ уа, уæд раздæхдзынæн фæстæмæ...
Дзæрæх æмæ Алæг дæр æфцæгмæ Бегаимæ схызтысты. Дарддæр сæ нал ауагъта. Уыдон уым баззадысты, Джинаты коммæ ныккæсæны. Бега сычъиты фæдыл ацыд. Бирæ йæм фенхъæлмæ кастысты Дзæрæхитæ, йæ фæдыл ацæуынмæ дæр рахъавыдысты, фæлæ уæдмæ Бега дæр æрзынд цъитийы уырынгты сæрмæ, сычъийы мард йе ’ккой, афтæмæй.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.