Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл дыууæ азымджынæн сæ бафхæрыны хуыз фæивтой

© Sputnik / Natalia Airiyan Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл зылынмæ лæвæрдтæн сæ бафхæрыны хуыз фæивтой
Дзабиты Иналы хъуыддаджы фæдыл зылынмæ лæвæрдтæн сæ бафхæрыны хуыз фæивтой - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Дзабиты Иналы амæлæты хъуыддаджы фæдыл дыууæ азымджынæн сæ бафхæрыны хуыз аивтой. Ахæсты бадын фæивтой рæстæгмæ æддæмæ ма ацæуынмæ рафыстыл. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæйы пресс-службæ.

"Дзабиты Иналы амæлæты фæдыл хъуыддаг равзарыны рæстæджы зылынмæ лæвæрд Багаты Алан æмæ Наниты Ацæмæзæн се ᾿фхæрды хуыз фæивтой ахæстоны бадынæй рæстæгмæ æддæмæ ма ацæуынмæ рафыстыл, уымæн æмæ ахæстоны бадыны рæстæгæн йæ æмгъуыд фæцис", - дзырдæуы хъусинаджы.

Раздæр хъуыстгонд æрцыд, горæты Цхинвалы тæрхондон кæй æрбаздæхта Дзабиты Иналы амæлæты фæдыл уголовон хъуыддаг Хуссар Ирыстоны Генпрокуратурæмæ. Уагдоны бафтыдтой, фыдракæнды фадæттæ сбæрæг кæныны тыххæй ауаддзысты æнæмæнгхъæуæг сгарæн куыст.
2020 азы августы кæрон Хуссар Ирыстоны МХМ криминалон милицийы агъуысты æрфарсты рæстæджы амард Цхинвалы цæрæг Дзабиты Инал. Фыдракæнд расидт уæрæх æхсæнадон резонанс, кæцы æркодта хицауады отставкæмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0