Хуссар Иры Ленингоры районы хъæутæм уадзынц нуазыны дон

© Sputnik / Ада БагианЛенингоры район
Ленингоры район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы цалдæр хъæуы уагъд цæуынц куыстытæ нуазыны доны цухдзинад аиуварс кæныны фæдыл. Районы администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела куыд хъусын кæны, афтæмæй донифтонгады процесс ис Ленингоры районы администрацийы разамонæг Гæджиты Иларионы цæстдарды бын.
"Нуазыны доны цухдзинад бирæ рæстæг уыд Абреу æмæ Уæллаг Болы хъæуты цæрджыты проблемæ. Болы хъæуы донимæ проблемæйы аххосаг уыд доны хæтæлы мæгуырау уавæр. Ацы цæрæн пунктты цæрджытæ бирæ рæстæг хъаст кодтой нуазыны доны цухдзинадыл", - загъта Кокойты Анжела.
© Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры Ленингоры районы хъæутæм уадзынц нуазыны дон
В села Ленингорского района Южной Осетии проводят питьевую воду  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Хуссар Иры Ленингоры районы хъæутæм уадзынц нуазыны дон
Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы администрацийы ЦКХ кусджытæ ауагътой куыстытæ доны хæтæлтæ раивын æмæ донæбырдгæнæн бассейны реставрацийы фæдыл.
"Хъæу дихгонд у дыууæ хайыл: уæлладжы рагæй фæстæмæ уыд проблемæ нуазыны донимæ. Мах раивтам æнæхъæн хахх, кæцыйы дæргъ уыд 800 метры. Ныр хъæуы ис дон. Рельеф нын фадат нæ дæтты сæвæрын иу кранæй фылдæр", - хъусын кæны пресс-секретарь арæзтад, архитектурæ æмæ ЦКХ дæлхайады хистæр Битарты Виталийы ныхæстæ.
Уый ма банысан кодта, Дæллаг Болы донифтонгады проблемæ кæй аскъуыддзаг кодтой фарон аз.
Кокойты Анжелайы ныхæстæм гæсгæ, аналогион куыстытæ уагъд цæуынц Абреуы хъæуы дæр.
© Пресс-служба Ленингорского районаХуссар Иры Ленингоры районы хъæутæм уадзынц нуазыны дон
 В села Ленингорского района Южной Осетии проводят питьевую воду  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Хуссар Иры Ленингоры районы хъæутæм уадзынц нуазыны дон
Ног хабӕртты лентӕ
0