Хуссар Иры цæттæ кæнынц къахдзоныгътыл бырӕн трассæ Цъоны ног сезонмæ

© Sputnik / Наталья АйриянЦъон
Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны иунӕг къахдзоныгътыл бырӕн трассӕ Цъоны цæттæ кæнынц радон сезонмæ. РХИ экономикон райрæзты министрады туризмы дæлхайады хистæр Плиты Вадим куыд радзырдта Sputnik, афтæмæй æдасдзинады тыххæй сарæзтæуыд уæлæмхасæн æрхизæн.

"Мах сæххæст кодтам техникон куыстытæ, цæмæй трассæ цæттæ уа сезонмæ æмæ фыццаг митмæ. Фæдаргъдæргонд трассæмæ, кæцыйы дæргъ у дыууæ километрмæ æввахс, мах сарæзтам уæлæмхас трассæ, цæмæй улæфджытæ кæрæдзи ма хъыгдарой", - радзырдта Плиты Вадим.

Волонтерты æххуысæй ивгъуыд зымæджы Цъоны сарæзтой хъармгæнæн пункт, трассæ та фæдаргъдæр кодтой 900 метрæй дыууæ километры онг. Ацы куыстытæн фæрæзтæ рахицæн кодта фæсивæдон хъуыддæгтæ æмæ спорты комитет, фæлæ куыстытæ иууылдæр сæххæст кодтой волонтертæ.
Цъоны хъæу æвæрд у 1700 метры денджызы æмвæзадæй бæрзонддæр. Фæндаг æм цæуы хæрзвадат трассæ Цхинвал-Гуфта-Къуаисайыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0