Уæрæсейы æфсæдтæ скуынæг кодтой реактивон системæ HIMARS хæстæрмæджытæ æмæ йæ экипажимæ

© Sputnik / Сергей Степанов /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ скуынæг кодтой реактивон системæ HIMARS хæстæрмæджытæ æмæ йæ экипажимæ
Уæрæсейы æфсæдтæ скуынæг кодтой реактивон системæ HIMARS хæстæрмæджытæ æмæ йæ экипажимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 дек — Sputnik. Уæрæсейаг артиллеристтæ иу суткæмæ скуынæг кодтой америкæйаг залпон æхсты реактивон системæ HIMARS хæстæрмæджытимæ æмæ экипажимæ иумæ, афтæ ма дыууæ радиолокацион станцы æмæ æртæ æфтауцы хæцæнгарз æмæ хæстæрмæджытимæ. Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы хъахъхъæнынадон уагдоны пресс-службæ.
"Донецкы адæмон республикæйы скуынæг кодтой дыууæ америкæйаг радиолокацион станцы контрбатарейон тохæн AN/TPQ-37. Вольное Поле æмæ Ореховы цæрæн пунктты районы скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты ракетон-артиллерион хæцæнграз æмæ хæстæрмæджыты æртæ æфтауцы", - бафтыдтой Хъахъхъæнынады министрады.
Афтæ ма уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой æртæ украинæйаг æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ залпон æхсты реактивон системæтæ HIMARS æмæ "Ольха"-йы аст сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 334 хӕдтӕхӕджы, 177 вертолеты, 2592 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 391 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6930 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 905 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3642 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7431 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0