20. КУАДЗÆН

20. КУАДЗÆН
Рафыссын
Куадзæн райсом райдзаст хур бон скодта. Комбæсты адæм алы хъæуы дæр æхсæны куывдтæм цæттæ кодтой сæхи. Хъолайы дæр куывд уыдис Хъараманты хæдзары æмæ лæппутæ фынгтæ æвæрыныл архайдтой. Чысыл лæппутæ хæдзари-хæдзар беркъа зылдысты æмæ сын алчи æйчытæ лæвæрдта. Уадындзтæй-иу ныууасыдысты кæрты, ныккафыдысты-иу æмæ стæй — заргæ:
Ацы хæдзар — хæдзæртты хуыздæр!
Чи ницы радта — хæдзæртты фыддæр, гъей!
Хъæндилтæ æмæ Къулойтæ хъæугæрон фæрсæй-фæрстæм цардысты. Сывæллæттæ хъæуы кæронмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд цæуылдæр фæтыхстысты, аныхæстæ кодтой æмæ бадзырдтой: заргæ нæй. Къулойы мад Тедион дуармæ бады, рынчын у. Къулой фесæфт æмæ ам зарæн нæй, нæдæр кафæн. Уадындзтæ сцæгъддзыстæм æмæ нын Темла æнæуый дæр ратдзæн æйчытæ.
Хъæндилты кæрты сцагътой уадындзтæ, æмæ æцæгдæр Темла рацыд æмæ сын къусы æйчытæ рахаста.
— Бузныг, Темла, ацы хæдзар хæдзæртты хуыздæр у æцæг!..
— Дзыкка куы кæнат, уæд æз гыццийæн зæгъдзынæн æмæ уын гыр цыхт ратдзæн, æрмæст-иу йæ хафæнтæ мæн!
— Хорз, Хъази, дæ нывонд фон, хорз, мæ хай дæр дын ратдзылæн, — Темлайæн æхсызгон уыд, Хъази йæм кæй дзуры, хыл кæй тæу йемæ. "Фыд сæ куы ардауид, уæд нæм сывæллæттæ дæр зулмæ кæсиккой: нæ туджджынтæ сты"! — ахъуыды кодта Тæмла æмæ йæ хъæбыс кæнынмæ рахъавыд, фæлæ иннæ лæппутæй фефсæрмы.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0