21. ЛÆГФÆЛДИСÆН

21. ЛÆГФÆЛДИСÆН
Рафыссын
Æрцыдис та хосгæрдæн. Алчи та йæ куыстытыл фæци. Æхсæны ныхæстæм, кæрæдзимæ цæуынмæ никæйуал æвдæлд. Бон хъæутæ хасты хуызæн уыдысты. Лæгтæ æмæ устытæ хос кæрдынмæ, ссивынмæ аивгъуыдтой фæтæнтæм. Хъæуты та баззадысты æрмæст иууыл зæрæдтæ æмæ æнахъом сабитæ.
Бега æмæ Къулой цæдисæмбал бакодтой. Бега йæ сразы кодта: "Дæуæн дæр бирæ кæрдинаг ницы ис, æз дæр — иунæг, ды дæр. Дыууæйæ ныхас уæддæр кæндзыстæм".
Хъæндил карста иунæгæй, æрмæст-иу Цæргæсы акодта. Кæд ын æххуыс ницы уыд, уæддæр йæ цуры хъазыд, дон-иу ын схаста, цæгъдæнтæ-иу æм балæвæрдта æмæ йын йæ уæнг рог кодта. Ссивынмæ, цъеримæ ’ппарынмæ та Темла йæхæдæг зиуы бæрц уыд. Цæргæсы мад-иу сæм æрмæст сихорæй изæрмæ фæкаст, стæй та-иу æй фосы ’рцыдмæ развæлгъау рарвыстой.
— Хорз бакодтой, иумæ кæй кæрдынц, уымæй, — ныхас æндæрырдæм аздæхта Темла, — науæд Къулой бынтон иунæг у, нæ — ссивæг, нæ — цъеримæ æппарæг.
— Бегайæн ноджы хуыздæр у. Уый цы зæрдæйы хицау у, уымæй æрдæг фæуыдаид, иунæгæй кусгæйæ. Æдзух йе ’намонд æфсымæрыл хъуыды кодтаид. Ныр йæхи ирхæфсдзæн Къулоимæ æмæ йын уый кæуылты зæрдæнцой у.
— Исты кæнын хъæуы мах дæр. Афтæмæй кæдмæ хъуамæ фæразæм. Хыл не стæм, афтæмæй — туджджын... Мæнæн мæ бон нал у æмæ дæуæн нæ зонын. Кæрæдзимæ нæ дзурæм, афтæмæй нæ бадт, нæ хæцд — иу, хъæубæстæ кæм бамбырд вæййынц, уым.
— Йæ бон ныккалæд нæ уæйыг. Кæд ницы уыд, уæддæр фæлыгъд. Хæдзармæ нал цæуы, æмæ адæм дæр уый æфсон куыд нæ кæной... Æз та, куыд уынгæджы бон мыл скодта, чердæм цы саразон? "Бафидауæм" зæгъон, æмæ туг йæхиуыл чи мысы? Бæлвырд исты куы зонин мæ азымæн, уæддæр ма фод. Фæлæ мæ куы бафæрсой: куыд уыд, цы уыд? Цы сын зæгъдзынæн? Афтæмæй дыууæ мардæрцыды ’хсæн куыд фæраза лæг? Нæ зонын... Уæд та куы ’рцæуид æмæ исты бæрæг куы зæгъид. Уыдтæн кæнæ ницы уыдтæн. Мæ сæрæн исты куы зонин, уæд. Стæй никуы ницы ’рцыд. Зæгъин комбæсты хистæртæн: мæнæ дæн, амарут мæ кæнæ мæ бафидауын кæнут. Нæ сывæллæтты туджджынæй куыд ныууадзæм?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0