Гаглойты Алан информацион агентад "Рес"-æн: стыр профессионализмы цæвиттон

© SputnikАгентад РЕС
Агентад РЕС - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта информацион агентад "Рес"-æн, кæцы майрæмбоны нысан кæны йæ профессионалон бæрæгбон – йæ сæвзæрды 27-æм афæдзыбон. Уый тыххæй хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Йæ арфæйы телы Гаглойты Алан бахахх кодта, агентад кæй у информацион тыгъдады лидертæй сæ иу, активон хайад исы бæстæйы царды.
"Сымах алыхатт дæр уыдыстут стыр профессионализмы цæвиттон. Абоны бон уæззау геополитикон уавæрты сымах дарддæр фидарæй хъахъхъæнут республикæйы интерестæ", - банысан кодта президент.
Паддзахады сæргълæууæг фидарæй загъта, коллектив дарддæр дæр кæй кусдзæн бæрзонд профессионализмы æмвæзадыл, объективонæй дзурдзæн республикæйы мидæггагон æмæ æддагон политикæйыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0