Хуссар Иры ӕнхъарынц саразын хицӕн хъӕу лигъдӕттӕн

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны лигъдӕтты социалон хъахъхъӕды комитет ӕнхъары хисӕрмагонд цӕрӕн хъӕу саразын лигъдӕттӕн. Уый тыххӕй та дӕс азы фӕстӕ комитет фыстӕг бацӕттӕ кодта паддзахады разамонӕджы номыл.
Уыимӕ иумӕ ӕмрӕстӕджы уагдон уадзы лигъдӕтты ног сфыст, куыст балхынцъ уыдзӕн азы кӕронмӕ.
"Мах 2012 азы дӕр ӕнхъардтам ацы проект, цӕмӕй Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты арӕзт ӕрцӕуа 175 цӕрӕнуатӕй конд хъӕу лигъдӕттӕн. Фӕлӕ уӕд разыдзинад нӕ райстам, ныр та ногӕй сцӕттӕ кодтам фыстӕг президенты номыл. Лигъдӕттӕй районты цӕрыныл разы ничи у, уымӕ гӕсгӕ мах уынӕм хъӕуы арӕзтад горӕтгӕрон бынӕттӕ Тъыбет ӕмӕ Хеиты", - загъта комитеты хистӕры хӕдивӕг Цоциты Игорь.
90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстоны лигъдоны статусы чи цӕры, уыцы бинонты нымӕц у сӕдӕйӕ фылдӕр. Фылдӕр бӕрцӕй цӕрынц хъӕууонхӕдзарадон техникумы, БАМ, Заводы уынджы ӕмдзӕрӕндӕтты, иууыл уӕззау уавӕрты та сты туристон базӕ "Осетия"-йы чи цӕры, уыдон. Ацы бӕстыхайы рӕстӕгмӕ уавӕртӕ нӕй, ӕгӕрыстӕмӕй нывыл нӕ кусы йӕ канализацийы системӕ. Фӕлӕ лигъдӕтты фарсты ис ӕвӕрццӕг ивындзинӕдтӕ дӕр. Кӕцыдӕр бинонтӕн хицауад рахицӕн кодта цӕрӕнуӕттӕ.
"Рӕстӕгмӕ бартимӕ бирӕ бинонтӕ ӕрбынат кодтой "Хурзӕрин"-ы хӕсты фӕстӕ, фӕлӕ уыдон уым сты рӕстӕгмӕ бартимӕ. Цалдӕр азы размӕ ЦАРЗ-ы уӕвӕг ӕмдзӕрӕндоны цӕрджытӕ дӕр райстой ногарӕзт хӕдзӕртты фатертӕ, сӕ нымӕцы уым цы лигъдӕттӕ цард, уыдон дӕр. Ноджы ма иу къорд та хӕдзары хицау баисты Тъыбеты коттеджты, ӕртӕ бинонтӕн самадтой хӕдзӕрттӕ фарон Хеиты, чидӕртӕ райстой хӕдзӕрттӕ Мӕскуыйаг микрорайоны. Фӕлӕ нырма ӕнӕ хӕдзарӕй чи ис, уыдон нымӕц хизы сӕдӕйӕ, бӕстондӕр зонӕнтӕ уыдзӕн сфысты фӕстӕ", - бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0