Уæрæсейаг æфсæддонтæ штурм кæнынц Водяное Донецкы адæмон республикæйы

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейаг æфсæддонтæ
Уæрæсейаг æфсæддонтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 дек – Sputnik. РИА Новостимæ фæзынд кадртæ, цы ран уæрæсейаг æфсæддонтæ штурм кæнынц Украинæйы Гарзджын тыхты позицитæ цæрæн пункт Водяноейы Донецкы адæмон республикæйы (ДАР).
ДАР Адæмон милицийы фыццæгæм Славяйнаг бригадæйы дæлхайад "Шторм" артиллери æмæ æнæпилотон тæхæг аппаратты æххуысæй уадзынц размæбырстон архæйдтытæ. Кадрты гæнæн ис фенын артиллерийы куыст, æнæпилотон тæхæг аппаратты руаджы сармадзанты æрыппæрст. Знаг фесæфта бирæ æфсæддонты æмæ уый фæдыл ныууагъта йæ позицитæ, уый фæстæ та дарддæр размæ ацæуынц уæрæсейаг æфсæдтæ.
УФ Хъахъхъæнынады министрад 30 ноябры хъусын кодта, уæрæсейаг æфсæдтæ дарддæр кæй æххæст кæнынц размæбырстон архæйдтытæ Водянойы цæрæн пункты районы. Ацы цæрæн пункт ахсджиаг у дарддæры размæбырстæн Авдеевкамæ, кæцыйæ украинæйæг æфсæддонтæ æхсынц ДАР районтæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0