https://sputnik-ossetia.com/20221203/22-khndily-uazdzhyt-20169203.html
22. ХЪÆНДИЛЫ УАЗДЖЫТÆ
22. ХЪÆНДИЛЫ УАЗДЖЫТÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бирæ фæлæууыд Хъæндил кæрты, талынджы, стæй фæзылд хæдзармæ. Цырагъы рухс нал уыд. Æвæццæгæн, бинонтæ ныххуыссыдысты, уазджытæ дæр. Тыргъæй къæртайы дон... 03.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-03T10:21+0300
2022-12-03T10:21+0300
2022-12-03T10:21+0300
хуссар ирыстоны
радио иронау
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/19/20169049_0:0:1925:1082_1920x0_80_0_0_704114f31cb1733e624107278a920286.png
22. ХЪÆНДИЛЫ УАЗДЖЫТÆ
Sputnik Хуссар Ирыстон
22. ХЪÆНДИЛЫ УАЗДЖЫТÆ
Бирæ фæлæууыд Хъæндил кæрты, талынджы, стæй фæзылд хæдзармæ. Цырагъы рухс нал уыд. Æвæццæгæн, бинонтæ ныххуыссыдысты, уазджытæ дæр. Тыргъæй къæртайы дон рахаста æмæ йæ йæ сæрыл ауагъта. Чысыл ын фенцондæр æмæ рацыд, фæскæрт къæйыл йæхи ’руагъта æмæ хъуыдыты ацыд: куыд уа, цы бакæна, цы хос счындæуа ацы æвирхъау мардæрцыдæн?..Æхсæв куыд тади, уый нал хатыд Хъæндил. Кæрчытæ дыккаг уаст ныккодтой, уый уæддæр бады... Фæлæ уый та цæй ныхас у? Хъæндилы хъустыл æруад зонгæ хъæлæс.— Ныр стын афон тагъд уыдзæн. Бахъуыддаг хъæуы уыцы богайы æмæ азилæм гуырдзыйы ’рдæм, ацы туалæй лæг хъуынхъис дæр нæ ратондзæн, тынд мæгайæ уæлдай сыл пакъуы дæр нæй, — уый йæ кæстæр уазæг куы у.— Фæмиз æмæ дæ бынаты ныххуысс, дæ пъирийыл та-иу хæцгæ кæн!.. — тызмæг хъæлæсæй уайдзæф кæны хистæр.— Ды та иууыл тæрсгæ кæныс. Туджджынтæ сты æмæ сын се знаджы куы акъуырæм, уæд сын хъыг уыдзæн, æнхъæлыс?— Акъуырын дæуæй раздæр чи базыдта, уыдон дæ рох ма уæнт... Акъуыр уал, стæй æппæлдзынæ.— Уый та нын цы хъæуы, фæлæ дæ зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы æнæхайыры галдзæст чызг? Уый нын куыд нæ схъæр кодта Хъырымы сæтол... Бæхтæ æмæ нæ галтæй æлхæны. Нæ, æз разы нæ дæн. Зæгъдзынæн ын: чызг — мæн, бога — Барастыры. Уый нæй, уæд райгæ у дæ хъуыддагæй.— Ноджыдæр дын зæгъын, дæ пъирийыл хæцын фæраз, ныр та уал ныххуыссæм, сбонмæ дæр бирæ нал ис...— Нæ фæлæ цы сыл у, цы!.. Йæ риуыл ныммæлын дæр дзæнæт уаид!..— Хуысгæ!.. Уасаг гæды мыст нæ ахсы."Темлайы кой кæнынц. Хæтæнхуаг куыйтæ!" — ферттывта Хъæндилы сæры æмæ фестад, къух хъамайы фистон ацахста. Уæдмæ уазджытæ фæстæмæ сæ хуыссæнмæ баивгъуыдтой.Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0b/19/20169049_0:0:1443:1082_1920x0_80_0_0_764841f88d5eb23fe6a27d07d93a351c.pngSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, радио иронау , ног хабӕрттӕ, аудио
хуссар ирыстоны, радио иронау , ног хабӕрттӕ, аудио
Бирæ фæлæууыд Хъæндил кæрты, талынджы, стæй фæзылд хæдзармæ. Цырагъы рухс нал уыд. Æвæццæгæн, бинонтæ ныххуыссыдысты, уазджытæ дæр. Тыргъæй къæртайы дон рахаста æмæ йæ йæ сæрыл ауагъта. Чысыл ын фенцондæр æмæ рацыд, фæскæрт къæйыл йæхи ’руагъта æмæ хъуыдыты ацыд: куыд уа, цы бакæна, цы хос счындæуа ацы æвирхъау мардæрцыдæн?..
Æхсæв куыд тади, уый нал хатыд Хъæндил. Кæрчытæ дыккаг уаст ныккодтой, уый уæддæр бады... Фæлæ уый та цæй ныхас у? Хъæндилы хъустыл æруад зонгæ хъæлæс.
— Ныр стын афон тагъд уыдзæн. Бахъуыддаг хъæуы уыцы богайы æмæ азилæм гуырдзыйы ’рдæм, ацы туалæй лæг хъуынхъис дæр нæ ратондзæн, тынд мæгайæ уæлдай сыл пакъуы дæр нæй, — уый йæ кæстæр уазæг куы у.
— Фæмиз æмæ дæ бынаты ныххуысс, дæ пъирийыл та-иу хæцгæ кæн!.. — тызмæг хъæлæсæй уайдзæф кæны хистæр.
— Ды та иууыл тæрсгæ кæныс. Туджджынтæ сты æмæ сын се знаджы куы акъуырæм, уæд сын хъыг уыдзæн, æнхъæлыс?
— Акъуырын дæуæй раздæр чи базыдта, уыдон дæ рох ма уæнт... Акъуыр уал, стæй æппæлдзынæ.
— Уый та нын цы хъæуы, фæлæ дæ зæрдæмæ нæ фæцыд уыцы æнæхайыры галдзæст чызг? Уый нын куыд нæ схъæр кодта Хъырымы сæтол... Бæхтæ æмæ нæ галтæй æлхæны. Нæ, æз разы нæ дæн. Зæгъдзынæн ын: чызг — мæн, бога — Барастыры. Уый нæй, уæд райгæ у дæ хъуыддагæй.
— Ноджыдæр дын зæгъын, дæ пъирийыл хæцын фæраз, ныр та уал ныххуыссæм, сбонмæ дæр бирæ нал ис...
— Нæ фæлæ цы сыл у, цы!.. Йæ риуыл ныммæлын дæр дзæнæт уаид!..
— Хуысгæ!.. Уасаг гæды мыст нæ ахсы.
"Темлайы кой кæнынц. Хæтæнхуаг куыйтæ!" — ферттывта Хъæндилы сæры æмæ фестад, къух хъамайы фистон ацахста. Уæдмæ уазджытæ фæстæмæ сæ хуыссæнмæ баивгъуыдтой.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.