23. КОМБÆСТÆЙЫ ТÆРХОН

23. КОМБÆСТÆЙЫ ТÆРХОН
Рафыссын
Адæм чысылæй, стырæй æрæмбырд сты. Хъараман фæдзурын кодта комбæсты дзырддзæугæтæм дæр. Дзырд куы фехъуыст, уæд фæсивæд дæр ныххæррæтт кодтой, сæ куыст ныууагътой æмæ Хъараманты кæрты адæмæй базмæлæн нал уыд.
Бегайы акодтой сæхимæ, Созыр ын йæ цæфтæ бабаста æмæ тыргъы йæхи нымæтыл æруагъта. Чысыл куы аулæфыд, уæд та фæстæмæ Хъоламæ æрбацыд.
Хъырым радзырдта хабæрттæ йæхи дзыхæй. Фæстагмæ ма афтæ бакодта:
— Хъавыдтæн ма хистæры дæр мæрдтæм барвитын, фæлæ мæ къухты нæ бафтыд. Амардта мын мæ абырæг æмбæлтты, æз дæр мæнæ уæ къухы дæн... Мæ амонд, æвæццæгæн, æндæр нæ уыд æмæ мæ мауал къахут, амарут мæ æмæ æз дæр фервæзон, сымах дæр.
— Цæмæн, цæмæн бацыдтæ уæддæр лæппуйы тæригъæды, гормон, цы дын ракодта уыйас? — фæрсы йæ Хъараман, мыггаджы хистæр.
— Уый уе ’ппæт дæр зонут, мæн ма цы къахут, æз дæр æй сымахæй хъуыстон!..
— Цы хъуыстай, цы уыдис, зæгъ-ма йæ, мах дæр æй зонæм, — бадзырдта йæм Ака. Уый дæр тæрхонгæнæг хистæртæй у.
— Бафæрсут Калманы, уый ма йæ уæддæр зоны! Сымах уæхи ницызонæг скодтат. Ды дæр æй зоныс, Ака! — фæхъæр кодта Хъырым. — Сæ фыд мын мæ мадæй фæхынджылæг кодта, мæ фыды мын амардта!..
— Куыдзы рæйд кæныс! — фæбогъ кодта Ака æмæ фестад, стæй йæхиуыл фæхæцыд. — Ды сын мурдæр куы ницы зоныс, мæнæн ме ’мгæрттæ куы уыдысты, уæд сыл мæрдтæм цæмæн мысыс алы чъизитæ? Дæ мад мæрдты сыгъзæрин талатæ суадзæд! — не ’хсæн цырагъау сыгъдæгæй куы фæсыгъд, уæд æй ды мæнæн амоныс? Науæд мæрдты рухсы бадæнт Хъæрæсе æмæ Хъарадзау — мах семæ куы схъомыл стæм æмæ сæ æнæууæнк, мæнгард æмæ лæгмарæй куы никуы зыдтам, уæд ды кæмæй фæдæ, мæгуыр уа дæ бон? Искæй дзырдхæссæг устыты ныхæстæм сæрра дæ?
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0