24. ФЫДÆВЗАРÆН АРЦЫ ФЫНДЗЫЛ

24. ФЫДÆВЗАРÆН АРЦЫ ФЫНДЗЫЛ
Рафыссын
1830 аз. Сæрд. Уæрæсейы император, Уæрæсейы хуыздæр хъæбулты-декабристты æрцауындзæг Николай I Кавказы æфсæдты хистæр фельдмаршал Паскевичæн бардзырд радта, Кавказы адæмтæй хæдхæцæгад æмæ æлдарады ныхмæ чи уыд, уыдон радыгай хицæнтæ-хицæнтæй фæцæф кæнын æмæ ныцъцъист кæнын, сæ сæр куыд никуыуал сдарой, æнустæм цагъары къæлæт бар-æнæбары куыд хæссой.
Дыууæ инæларæн бахæс кодтой Иры кæмттæм ныббырсын, йæ сæр чи нæ æркъул кæна паддзахы æлдарады раз, уыдон ныццæгъдын. Паддзахы фæсдзæуин инæлар-майор Ренненкампфæн хæс æрцыд Чеселтгоммæ, инæлар-майор князь Абхазовæн — Хъобангоммæ балæбурын. Фæцæф кодтой Ирыстон риу æмæ чъылдымырдыгæй. Дыууæ фыры хъæбæр сыты астæу фесты Ирыстоны хæхтæ. Дæууæ арцы рæхуысты айгæрстой сæрибармæ бæллæг адæмы риу.
Ренненкампф йе ’фсад бакодта Дзаумæ сусæгæй, куыд ничи ницы базыдтаид Чеселтгомы адæмæй. Дыккаг бон изæрмæ Раройы ’фцæгмæ схызт æмæ уырдыгæй ныббырста æртыккаг бон. Йе ’фсад, хæсгардау, дыууæ дихы фæкодта: иутæ хъуамæ Пацъайыл ахизой æмæ хуссарвæрсты балæгæрдой Сыгъдтыл æмæ Чеселтыл, иннæтæ ныддымой цæгатварсы цæрджыты: Цъамад, Бикойты хъæу, Цæгат, Майрæм æмæ Комы хъæлæсы æвæрд хъæу Дыууæдонастæу, стæй Тхел.
Паддзахы регулярон æфсæдтæ — мин æмæ æрдæгæй фылдæр! Æд сармадзантæ, æд хъазахъхъ!.. Гуырдзыйы æлдæртты милици — минырдæгмæ ’ввахс!
Зыдтой инæлæрттæ — тыхджын сты! Зыдтой уый дæр — армыдзаг йеддæмæ не сты Чеселтгом: æнæхъæн комбæстæ æртиссæдз хæдзары æххæст нæ уыдысты! Зæрондæй авдæнхъоммæ хæстонтæ куы фестадаиккой, уæддæр дзы алкæй ныхмæ уыдаид фондз хæстоны. Иуæн та дыууæ æфсад у! Уæддæр æртæ боны фæхæцыдысты.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0