25. САУДЖЫНЫ АРДАУÆН НЫХÆСТÆ

25. САУДЖЫНЫ АРДАУÆН НЫХÆСТÆ
Рафыссын
Сауджын, тæлмац æмæ цалдæр салдаты бацыдысты адæммæ. Салам радтой, бæхтæй æрхызтысты, æмæ сауджын райдыдта адæмæн зонды ныхас:
— Паддзахмæ хъусын хъæуы, хуыцау йе скæнгæ адæмы уымæн ныффæдзæхста. Паддзахы ныхмæ цæуын хуыцауы ныхмæ у, æмæ уæ йæ азар басудздзæн. Уæхи бахизут, хорз адæм, хуыцау æмæ паддзахы азарæй, тыхæй архайын ма сфæнд кæнут. Сымахæн хуыздæр цы уа, уый дзурын, мæн дæр сымах маст ис, хуыцауы кувæг адæм стут. Паддзахы ныхмæ айнæг къæдзæхтæ, дунейы стыр паддзæхтæ дæр нæ лæууынц, æмæ уæхи ма фесафут...
— Фарн дæм бадзурæд, сауджын, фæлæ мах куы никæимæ хæцæм. Нæ бон паддзахы ныхмæ хæцын кæй нæу, уый дæр куы зонæм, йæ коммæ дæр куы кæсæм, нæ бон цы у, уый йын фидгæ дæр куы кæнæм, уæд ма нæм цæмæ бырсы, нæ мæгуырыл нæ цæуылнæ ныууадзы?.. Мах цæй хæцынвæнд кæнæм, мæнæ нæ куыстæгтæ нæ сæрæй куы фæуæлдæр сты...
— Уый та цæмæн зæгъыс, хорз лæг, æлдæрттæм кæй лæбурут, уый ницы у? Маргæ дæр ма дзы куы акодтат? Сæ адæмæй сын уацары куы кæнут, сæ фос сын тыхæй куы скъæрут, хъалон сын куы нæ фидут, уæд уый куыд коммæ кæсын у?
— А-а-а! — йæ дзырд адаргъ кодта Ака, — Мацабелтæй зæгъыс? Мæнæй афтæ ма Уырысы кадджын паддзахы кой кæныс.
— Паддзахы кой дæр кæнын, паддзахы, хорз лæг, паддзахы инæларæй æрвыст дæн... Мауал хъыгдарут адæмы, мауал лæбурут, уе ’взæргæнджыты хицæуттæм раттут, хорз адæм!..
— Уæ, хорз сауджын, комкоммæ нын зæгъ: Чеселтгом, Мацабелтæн цагъар ныллæуут, науæд уæ ныццæгъддзыстæм — æмæ дæ хъуыддаг раст. Сайгæ та ма нæ цæмæн кæныс? — нал фæлæууыд Ака.
Джуссойты Нафийы чиныг “Фыдæлты туг”-мæ гæсгæ.
Дарддæр аудиочиныгмæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0