https://sputnik-ossetia.com/20221205/iudzinady-tykh-khussar-iry-raydydta-ii-urseyag-iron-forum-20318875.html
"Иудзинады тых": Хуссар Иры райдыдта II Уæрæсейаг-ирон форум
"Иудзинады тых": Хуссар Иры райдыдта II Уæрæсейаг-ирон форум
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны райдыдта II Уæрæсейаг-ирон форум. 05.12.2022 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2022-12-05T10:05+0300
2022-12-05T10:05+0300
2022-12-05T11:44+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
культурӕ
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/04/20316522_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_3e429c7d0221c1f5756c302510ce4ff1.jpg
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны райдыдта II Уæрæсейаг-ирон форум.Спорты галуан "Олимп"-ы æрæмбырд сты форумы хайадисджытæ, республикæйы хицауады, парламенты æмæ æхсæнады минæвæрттæ, афтæ ма Россотрудничествойы кусджытæ. Цхинвалмæ æрцыдысты Уæрæсе, Луганск, Донецк, Цæцæн, Абхаз æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ.Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан раарфæ кодта фæсивæды минæвæрттæн.Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Скворцов та банысан кодта ахæм егъау мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад, кæцытæ ахъаз сты хæларадон бæстæты фæсивæды иудзинадæн.Республикæйы спорт æмæ фæсивæдон политикæйы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина раарфæ кодта фæсивæдæн æмæ бахахх кодта, сæ тых кæй ис иудзинады.Хайадисджытæ дæр ралæууыдысты раныхасимæ, бузныг загътой организатортæн, афтæ ма кæрæдзийæн сæ цæст бауарзта пайдаджын куыст.Официалон хайы фæстæ уазджытæн бавдыстой концерт Паддзахадон ансамбль "Симд" æмæ "Ирон"-ы хайадистæй. Уымæй дарддæр ма ралæууыдысты зындгонд артисттæ Саппиты Зæлинæ, Харебаты Марта æмæ æвзонг гимнасткæтæ.Æвзонг адæм форумы куысты фæлгæтты хайад исдзысты семинарты, тымбыл фынгты, мастер-классты. Форум уагъд цæуы гранты фæрæзтæй, кæцы нæ фæсивæд рамбылдтой Æппæтуæрæсейон грантон конкурсы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2022
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e6/0c/04/20316522_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_55b97472bcd969cb51577632ddad570a.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, культурӕ
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны хуыцаубоны райдыдта II Уæрæсейаг-ирон форум.
Спорты галуан "Олимп"-ы æрæмбырд сты форумы хайадисджытæ, республикæйы хицауады, парламенты æмæ æхсæнады минæвæрттæ, афтæ ма Россотрудничествойы кусджытæ. Цхинвалмæ æрцыдысты Уæрæсе, Луганск, Донецк, Цæцæн, Абхаз æмæ Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ.
Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг Джиоты Алан раарфæ кодта фæсивæды минæвæрттæн.
"Хуссар Ирыстоны хицауады номæй мæ фæнды зæгъын бузныг форумы хайадисты тыххæй нæ зынаргъ уазджытæн: Луганск, Донецк, Абхаз, Цæцæн, Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæн. Фæнды мæ зæгъын, уæ хайадист ахæм форумты, уæ активондзинад ахъаз уыдзæн нæ иумæйаг фидæны райрæзтæн", - загъта Джиоты Алан.
Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Скворцов та банысан кодта ахæм егъау мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад, кæцытæ ахъаз сты хæларадон бæстæты фæсивæды иудзинадæн.
Республикæйы спорт æмæ фæсивæдон политикæйы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Гатыгкоты Валентина раарфæ кодта фæсивæдæн æмæ бахахх кодта, сæ тых кæй ис иудзинады.
Хайадисджытæ дæр ралæууыдысты раныхасимæ, бузныг загътой организатортæн, афтæ ма кæрæдзийæн сæ цæст бауарзта пайдаджын куыст.
Официалон хайы фæстæ уазджытæн бавдыстой концерт Паддзахадон ансамбль "Симд" æмæ "Ирон"-ы хайадистæй. Уымæй дарддæр ма ралæууыдысты зындгонд артисттæ Саппиты Зæлинæ, Харебаты Марта æмæ æвзонг гимнасткæтæ.
Æвзонг адæм форумы куысты фæлгæтты хайад исдзысты семинарты, тымбыл фынгты, мастер-классты. Форум уагъд цæуы гранты фæрæзтæй, кæцы нæ фæсивæд рамбылдтой Æппæтуæрæсейон грантон конкурсы.