Хуссар Иры командӕ боксӕй ӕрхаста 13 майданы Дзӕуджыхъӕуӕй

© Photo : Пресс-служба Владикавказской и Аланской епархииХуссар Иры командӕ боксӕй ӕрхаста 13 майданы Дзӕуджыхъӕуӕй
Хуссар Иры командӕ боксӕй ӕрхаста 13 майданы Дзӕуджыхъӕуӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксы командӕ ӕрхаста 13 майданы Дзӕуджыхъӕуы турнирӕй, фехъусын кодта Sputnik боксы тренер Дзигойты Ацӕмӕз.
Сыгъдӕг Джиуӕрджийы Кубокы турнир ахицӕн ис хуыцаубоны.
"Нӕ команда ӕрхаста фӕйнӕ фондз сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист майданы, ӕртӕйӕ та райстой ӕртыккаг бынӕттӕ. Командӕ уыд 21 спортсменӕй конд, фидар ӕрцыд республикӕйы ӕппӕт секциты хъомылгӕнинӕгтӕй", - загъта тренер.
Уӕлахиздзаутӕй ӕрӕздӕхтысты Куымӕридтаты Владислав, Цхуырбаты Дауыт, Хуыгаты Сӕрмӕт, Биазырты Владислав ӕмӕ Гӕбӕраты Алим.
Хуссар Ирыстоны спортивон кад хъахъхъӕдтой тренертӕ Дзигойты Ацӕмӕз, Котолиты Бола, Тедеты Александр, Лолоты Александр, Бестауты Чермен ӕмӕ Коцты Вадимы хъомылгӕнинӕгтӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0