Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ рамбылдтой 16 майданы уæрæсейаг ерысты

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ рамбылдтой 16 майданы уæрæсейаг ерысты
Хуссарирыстойнаг ленкгæнджытæ рамбылдтой 16 майданы уæрæсейаг ерысты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik. Спортсментæ Хуссар Ирыстонæй рамбылдтой 16 алыхуызон майданы ленк кæнынæй ерысты "Mad Wave Classic"-ы. Ерыстæ ацыдысты Мæскуыйы облæсты горæт Рузайы. Тренер Евгения Терлеева куыд радзырдта, афтæмæй ирон ленкгæнджыты нымады ис æртæ сыгъзæрин, æхсæз æвзист æмæ авд бронзæйон хæрзиуæджы.
Ерысты хайад райстой 800-мæ æввахс спорсмены УФ 28 субъектæй. Ленкгæнджытæ ерыс кодтой фыццагадыл 13 дистанцийыл чызджыты, лæппуты æмæ юниорты ᾿хсæн.
Евгения Терлеева бузныджы ныхæстæ загъта республикæйы президент Гаглойты Аланæн командæйæн финансон æххуысы тыххæй.

"Бузныг алкæмæн дæр, чи тыхсти мах тыххæй комкоммæ эфиры. Ныфс мæ ис, кæй сæххæст кодта нæ фарслæуджыты бæлиццтæ", - баххæст кодта тренер.

Ног хабӕртты лентӕ
0