Цхинвалы Мӕскуыйаг микрорайоны сараздзысты сывӕллӕттӕн фӕзуат

© Карина Гаглоева Цхинвалы Мӕскуыйаг микрорайоны сараздзысты сывӕллӕттӕн фӕзуат
Цхинвалы Мӕскуыйаг микрорайоны  сараздзысты сывӕллӕттӕн фӕзуат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Мӕскуыйаг микрорайоны горӕты администрацийы тыхтӕй сараздзысты сывӕллӕттӕн хъазӕн фӕзуат, фехъусын кодта Sputnik горӕты администрацийы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Зозырты Эдуард.
Ныридӕгӕн ӕгас микрорайоны ис ӕрмӕст иу сабиты фӕзуат.
"Куыстытӕ нысан сты 2023 азмӕ. Сывӕллӕтты хӕрзарӕзт фӕзуат арӕзт ӕрцӕудзӕн фыццӕгӕм скъолайы цӕгаттаг фарс ӕртӕуӕладзыгон корпусты цур, уый хӕстӕг уыдзӕн корпусты цӕрджытӕм ӕмӕ хисӕрмагонд секторы цӕрджытӕм дӕр", - загъта мэры хӕдивӕг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, улӕфӕн зона аххӕсдзӕн 150 квадратон метры фӕзуатыл.
2008 азы хӕсты фӕстӕ Хуссар Ирыстоны столицӕйы цӕгатварс Мӕскуыйы хицауады финансон ӕххуысӕй райдыдта Мӕскуыйаг микрорайоны арӕзтад. Уый фӕрцы Цхинвалы цӕрӕн фондмӕ бафтыд 200 хӕдзары бӕрц. Сӕ нымӕцы иу ӕмӕ дыууӕ уӕладзыгон хисӕрмагонд цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ цыппар ӕмӕ ӕртӕ уӕладзыгон корпустӕ. Проекты фӕлгӕтты арӕзт ӕрцыд скъола ӕмӕ дыууӕ сабидоны дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0