Уæрæсейы æфсæдтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы æмæ дыууæ вертолеты

© Sputnik / Константин Михальчевский /  Ахизын медиабанкмæУæрæсейы æфсæдтæ
Уæрæсейы æфсæдтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.12.2022
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik. Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады фехъусын кодтой, кæй скуынæг кодтой дыууæ украинæйаг хæдтæхæджы Су-25 æмæ МиГ-29, афтæ ма дыууæ вертолеты Ми-8.
"Уæрæсейы уæлдæфон-космикон тыхты авиаци цæрæн пункт Юрьевкайы районы æрыппæрстой Украинæйы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг Су-25, Донецкы адæмон республикæйы Зверевойы районы та украинæйаг МиГ-29", - загътой уагдоны.
Хъахъхъæнынады министрады банысан кодтой, вертолеттæ та кæй æрыппæрстой ДАР цæрæн пункт Марьинкайы районы.
Уымæй дарддæр уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ иу суткæмæ æрыппæрстой дæс æнæпилотон тæхæг аппараты æмæ залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы дыууæ сармадзаны.
Ӕдӕппӕт сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы райдайӕнӕй скуынӕг кодтой: 339 хӕдтӕхӕджы, 180 вертолеты, 2628 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, 391 зенитон ракетон комплексы, танктӕ ӕмӕ ӕндӕр бронетехникӕйы 6996 иуӕджы, залпон ӕхсты реактивон системӕты 910 иуӕджы, быдырон артиллери ӕмӕ минометты 3657 сармадзаны, сӕрмагонд ӕфсӕддон автомобилон техникӕйы 7477 иуӕджы.
Ног хабӕртты лентӕ
0